https://sputnik-ossetia.com/20260217/tskhinvaly-rdzyrdtoy-zhenevyag-diskussity-radon-raundm-tsttknynadyl-37406517.html
Цхинвалы æрдзырдтой Женевæйаг дискусситы радон раундмæ цæттæкæнынадыл
Цхинвалы æрдзырдтой Женевæйаг дискусситы радон раундмæ цæттæкæнынадыл
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 17 фев - Sputnik. Цхинвалы дыццæджы ацыд Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Æхсæнадæмон дискусситы æмсæрдарты фембæлд. 17.02.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-02-17T12:44+0300
2026-02-17T12:44+0300
2026-02-17T13:16+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны фхм
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/05/1a/23552242_0:161:3071:1888_1920x0_80_0_0_41266066951cce4c09fb438296b3fe40.jpg
ЦХИНВАЛ, 17 фев - Sputnik. Цхинвалы дыццæджы ацыд Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Æхсæнадæмон дискусситы æмсæрдарты фембæлд.Хуссар Ирыстоны президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Коцты Константин банысан кодта, Женевæйаг дискусситæ ахсджиаг кæй сты Фæскавказы æдасдзинад æмæ сабырадæн.Евроцæдисæй æмсæрдар Магдалена Гроно йæхирдыгæй бахахх коддта, зæгъгæ, стыр хъусдард здæхт цæуы, цæмæй ацы баныхас уа предметон æмæ скъуыддзаг цæуой бынаты уавæры фарстытæ дæр.ОБСЕ-йæ æмсæрдар Кристоф Шпети банысан кодта, Швейцари хорзыл кæй нымайы Женевæйаг дискусситы формат, куыд бирæварсыг дипломатийы ахсджиаг модель.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/05/1a/23552242_170:0:2901:2048_1920x0_80_0_0_e3e4547b1fd1d66db0e31da16be3ff5c.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар ирыстоны фхм
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар ирыстоны фхм
Цхинвалы æрдзырдтой Женевæйаг дискусситы радон раундмæ цæттæкæнынадыл
12:44 17.02.2026 (Ранӕуӕггонд: 13:16 17.02.2026) ЦХИНВАЛ, 17 фев - Sputnik. Цхинвалы дыццæджы ацыд Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Æхсæнадæмон дискусситы æмсæрдарты фембæлд.
Хуссар Ирыстоны президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Коцты Константин банысан кодта, Женевæйаг дискусситæ ахсджиаг кæй сты Фæскавказы æдасдзинад æмæ сабырадæн.
"Практикæ куыд æвдисы, афтæмæй уый у хорз фадат æрдзурын æрмæст боны фæткыл нæ, фæлæ ма æндæр ахсджиаг фарстытыл дæр. Уыдоны æхсæн ис иуыл ахсджиаг дæр фарстытæй иу – предметон ныхас тыхæй ма пайда кæныны фæдыл документыл. Хорз уаид, ацы этапыл куы ссариккам скъуыддзаг проекты пункттыл", - загъта Коцты Константин.
Евроцæдисæй æмсæрдар Магдалена Гроно йæхирдыгæй бахахх коддта, зæгъгæ, стыр хъусдард здæхт цæуы, цæмæй ацы баныхас уа предметон æмæ скъуыддзаг цæуой бынаты уавæры фарстытæ дæр.
ОБСЕ-йæ æмсæрдар Кристоф Шпети банысан кодта, Швейцари хорзыл кæй нымайы Женевæйаг дискусситы формат, куыд бирæварсыг дипломатийы ахсджиаг модель.