https://sputnik-ossetia.com/20260218/tskhinvaly-artsakhstoy-tsastfaldakhadzhy-37426773.html
Цхинвалы ӕрцахстой цӕстфӕлдахӕджы
Цхинвалы ӕрцахстой цӕстфӕлдахӕджы
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 18 фев — Sputnik. Цхинвалы мидхъуыддӕгты хайады уголовон фӕдагуырды кусджытӕ ӕрцахстой 45-аздзыд бынӕттон цӕрӕджы, уымӕ зӕрдӕ ӕхсайы горӕты цӕрӕджы... 18.02.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-02-18T14:21+0300
2026-02-18T14:21+0300
2026-02-18T14:21+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
хуссар иры мхм
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/02/01/37144628_0:161:3071:1888_1920x0_80_0_0_e3a1a2043d6b24eeace87ead3ba52b28.jpg
ЦХИНВАЛ, 18 фев — Sputnik. Цхинвалы мидхъуыддӕгты хайады уголовон фӕдагуырды кусджытӕ ӕрцахстой 45-аздзыд бынӕттон цӕрӕджы, уымӕ зӕрдӕ ӕхсайы горӕты цӕрӕджы ныхмӕ фӕлывдми саразынмӕ. Уый тыххӕй хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.МХМ радгӕсон хайадмӕ бадзырдта Цхинвалы 71-аздзыд нӕлгоймаг. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уымӕ йӕ мобилон телефонмӕ фӕдзырдта ӕбӕрӕг гоймаг, йӕхи схуыдта йӕ мыггагӕй ӕмӕ дзы ракуырдта хӕс 20 мин сомы бӕрц. Фыдгӕнӕг бауырнын кодта пенсионеры, цӕмӕй ӕндӕр гоймаджы уылты радта ӕхцайы фӕрӕзтӕ.МХМ фӕдагуырды фӕткдаруат бакодта уголовон хъуыддаг "фӕлывдми" статьямӕ гӕсгӕ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/02/01/37144628_171:0:2900:2047_1920x0_80_0_0_08ef81a5d24ac8314bd61a87258386c7.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры мхм
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры мхм
Цхинвалы ӕрцахстой цӕстфӕлдахӕджы
ЦХИНВАЛ, 18 фев — Sputnik. Цхинвалы мидхъуыддӕгты хайады уголовон фӕдагуырды кусджытӕ ӕрцахстой 45-аздзыд бынӕттон цӕрӕджы, уымӕ зӕрдӕ ӕхсайы горӕты цӕрӕджы ныхмӕ фӕлывдми саразынмӕ. Уый тыххӕй хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
МХМ радгӕсон хайадмӕ бадзырдта Цхинвалы 71-аздзыд нӕлгоймаг. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уымӕ йӕ мобилон телефонмӕ фӕдзырдта ӕбӕрӕг гоймаг, йӕхи схуыдта йӕ мыггагӕй ӕмӕ дзы ракуырдта хӕс 20 мин сомы бӕрц. Фыдгӕнӕг бауырнын кодта пенсионеры, цӕмӕй ӕндӕр гоймаджы уылты радта ӕхцайы фӕрӕзтӕ.
"Цхинвалы мидхъуыддӕгты хайад уголовон фӕдагуырды кусджытӕ оперативон-сгарӕн мадзӕлтты рӕстӕджы сбӕрӕг кодтой, зӕрдӕхсайгӕ кӕй у столицӕйы 45-аздзыд цӕрӕг", - банысан кодтой уагдоны.
МХМ фӕдагуырды фӕткдаруат бакодта уголовон хъуыддаг "фӕлывдми" статьямӕ гӕсгӕ.