https://sputnik-ossetia.com/20260220/rkhi-nysan-knynts-fydybst-khakhkhndzhy-bon-m-khakhkhnynady-ministrady-svzrdy-bon-37469956.html
РХИ нысан кæнынц Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон æмæ Хахъхъæнынады министрады сæвзæрды бон
РХИ нысан кæнынц Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон æмæ Хахъхъæнынады министрады сæвзæрды бон
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 20 фев – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны ацыд бæрæгбонон æмбырд Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон æмæ республикæйы Хъахъхъæнынады министрады... 20.02.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-02-20T14:15+0300
2026-02-20T14:15+0300
2026-02-20T15:15+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
хъахъхъæнынады министрад
гаглойты алан
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/02/15/32096620_0:161:3071:1888_1920x0_80_0_0_c3ee7c779ed11d35d6214911f0688c25.jpg
ЦХИНВАЛ, 20 фев – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны ацыд бæрæгбонон æмбырд Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон æмæ республикæйы Хъахъхъæнынады министрады сæвзæрды 33-æм афæдзы боны цытæн.Мадзал ацыд Паддзахадон драмон театры æмæ дзы хайад райстой Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй, Уæрæсейы минæвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов, хицауады уæнгтæ, парламенты депутаттæ, тыхон структурæты кусджытæ, СÆО-йы хæстонтæ æмæ республикæйы æхсæнады минæвæрттæ.Бæрæгбонон æмбырды райдианы равдыстой документалон киноныв Хуссар Ирыстоны националон æфсады историйы тыххæй. Уый фæстæ æрæмбырдуæвджыты рал ралæууыд Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан.Гаглойты Алан йæ раныхасы бахахх кодта, абоны бон хуссарирыстойнаг хæстонтæ кæй дарддæр кæнынц республикæйы Хъахъхъæнынады министрады хорз традицитæ, цæсгомджын æмæ намысджынæй службæ кæнынц сæ Фыдыбæстæйы хæрзæбонæн.Президент раарфæ кодта Фыдыбæстæйы æппæт хъахъхъæнджытæн бæрæгбоны цытæн æмæ сын бузныг загъта сæ профессионализм æмæ фидар удыхъæды тыххæй.Арфæйы ныхасимæ ралæууыд Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Юрий Яровицкий дæр. Уый бахахх кодта, Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон кæй у хъайтардзинады бæрæгбон.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/02/15/32096620_170:0:2901:2048_1920x0_80_0_0_d422184372d6ed66e601ab4630900ffb.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хъахъхъæнынады министрад, гаглойты алан
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хъахъхъæнынады министрад, гаглойты алан
РХИ нысан кæнынц Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон æмæ Хахъхъæнынады министрады сæвзæрды бон
14:15 20.02.2026 (Ранӕуӕггонд: 15:15 20.02.2026) ЦХИНВАЛ, 20 фев – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны ацыд бæрæгбонон æмбырд Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон æмæ республикæйы Хъахъхъæнынады министрады сæвзæрды 33-æм афæдзы боны цытæн.
Мадзал ацыд Паддзахадон драмон театры æмæ дзы хайад райстой Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй, Уæрæсейы минæвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов, хицауады уæнгтæ, парламенты депутаттæ, тыхон структурæты кусджытæ, СÆО-йы хæстонтæ æмæ республикæйы æхсæнады минæвæрттæ.
Бæрæгбонон æмбырды райдианы равдыстой документалон киноныв Хуссар Ирыстоны националон æфсады историйы тыххæй. Уый фæстæ æрæмбырдуæвджыты рал ралæууыд Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан.
Гаглойты Алан йæ раныхасы бахахх кодта, абоны бон хуссарирыстойнаг хæстонтæ кæй дарддæр кæнынц республикæйы Хъахъхъæнынады министрады хорз традицитæ, цæсгомджын æмæ намысджынæй службæ кæнынц сæ Фыдыбæстæйы хæрзæбонæн.
"Ирыстоны хæстонты хъайтардзинад алыхатт дæр уыд нæ Райгуырæн бæстæйы фидар уарт, æфсæддон æмгуыстад Уæрæсейы Федерациимæ та ахъаз у республикæйы хъахъхъæнынад сфидар кæнынæн", - бахахх кодта президент.
Президент раарфæ кодта Фыдыбæстæйы æппæт хъахъхъæнджытæн бæрæгбоны цытæн æмæ сын бузныг загъта сæ профессионализм æмæ фидар удыхъæды тыххæй.
Арфæйы ныхасимæ ралæууыд Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Юрий Яровицкий дæр. Уый бахахх кодта, Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон кæй у хъайтардзинады бæрæгбон.