https://sputnik-ossetia.com/20260225/dzauy-astaukkag-skolayy-bakodtoy-khaston-kady-muzey-37534042.html
Дзауы астӕуккаг скъолайы бакодтой Хӕстон кады музей
Дзауы астӕуккаг скъолайы бакодтой Хӕстон кады музей
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 25 фев – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Дзауы астӕуккаг скъолайы бакодтой Хӕстон кады музей Фыдыбӕстӕ Хъахъхъӕнӕджы бонмӕ. 25.02.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-02-25T16:14+0300
2026-02-25T16:14+0300
2026-02-26T11:03+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
стыр фыдыбæстон хæст
ӕхсӕнад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/02/19/37534570_0:161:3071:1888_1920x0_80_0_0_ecf8a501a53b22e86af2bd2bb5b0e736.jpg
ЦХИНВАЛ, 25 фев – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Дзауы астӕуккаг скъолайы бакодтой Хӕстон кады музей Фыдыбӕстӕ Хъахъхъӕнӕджы бонмӕ.Цытджын церемонийы хайад райстой РХИ президенты администрацийы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Тыбылты Алан, Уӕрӕсейы минӕварады фыццаг секретарь Игорь Радушняк ӕмӕ минӕварады ӕртыккаг секретарь Роман Хорошилов.Скъолайы директор Санахъоты Альбина йӕ раныхасы банысан кодта, ацы бон кӕй ссис ӕцӕг нысаниуӕгджын скъолайы ӕппӕт коллективӕн.Санахъъоты Альбина бафтыдта, зӕгъгӕ, экспозицимӕ ӕдзух ӕфтаудзысты ног ӕрмӕджытӕ ӕмӕ экспонаттӕ.Тыбылты Алан раарфӕ кодта скъолайы коллективӕн ахӕм ахсджиаг цауы фӕдыл ӕмӕ банысан кодта, проект реализаци кӕй скодтой хицауады органтӕ, ахуырадон уагдӕттӕ ӕмӕ ӕхсӕнады иумӕйаг архайды руаджы.Хӕстон кады музей арӕзт ӕрцыд Уӕрӕсейы президент Владимир Путины сӕрмагонд программӕйы фӕлгӕтты Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хъайтарты цыртдзӕвӕнтӕ цалцӕг кӕныны фӕдыл.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/02/19/37534570_170:0:2901:2048_1920x0_80_0_0_120a67e408e2f67dd7c94f8820fcc1da.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, стыр фыдыбæстон хæст, ӕхсӕнад
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, стыр фыдыбæстон хæст, ӕхсӕнад
Дзауы астӕуккаг скъолайы бакодтой Хӕстон кады музей
16:14 25.02.2026 (Ранӕуӕггонд: 11:03 26.02.2026) ЦХИНВАЛ, 25 фев – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Дзауы астӕуккаг скъолайы бакодтой Хӕстон кады музей Фыдыбӕстӕ Хъахъхъӕнӕджы бонмӕ.
Цытджын церемонийы хайад райстой РХИ президенты администрацийы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Тыбылты Алан, Уӕрӕсейы минӕварады фыццаг секретарь Игорь Радушняк ӕмӕ минӕварады ӕртыккаг секретарь Роман Хорошилов.
Скъолайы директор Санахъоты Альбина йӕ раныхасы банысан кодта, ацы бон кӕй ссис ӕцӕг нысаниуӕгджын скъолайы ӕппӕт коллективӕн.
"Абон мах гом кӕнӕм хӕстон кады музей. Уый у мысӕн нӕ адӕмы стыр сгуыхтдзинӕдтӕ ӕмӕ хъайтардзинады тыххӕй хӕсты азты. Нӕ хӕс у хъуыды кӕнӕнын хъайтарты", - бахахх кодта скъолайы директор.
Санахъъоты Альбина бафтыдта, зӕгъгӕ, экспозицимӕ ӕдзух ӕфтаудзысты ног ӕрмӕджытӕ ӕмӕ экспонаттӕ.
Тыбылты Алан раарфӕ кодта скъолайы коллективӕн ахӕм ахсджиаг цауы фӕдыл ӕмӕ банысан кодта, проект реализаци кӕй скодтой хицауады органтӕ, ахуырадон уагдӕттӕ ӕмӕ ӕхсӕнады иумӕйаг архайды руаджы.
Хӕстон кады музей арӕзт ӕрцыд Уӕрӕсейы президент Владимир Путины сӕрмагонд программӕйы фӕлгӕтты Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хъайтарты цыртдзӕвӕнтӕ цалцӕг кӕныны фӕдыл.