https://sputnik-ossetia.com/20260226/dzhioty-arseniy-rambyldta-bronza-maydan-uagdibar-khabyskhastay-turniry-albaniyy-37553007.html
Джиоты Арсений рамбылдта бронзӕ майдан уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй турниры Албанийы
Джиоты Арсений рамбылдта бронзӕ майдан уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй турниры Албанийы
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 26 фев – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссарирыстойнаг спортсмен Джиоты Арсений рамбылдта бронзӕ майдан ӕхсӕнадӕмон рейтингон турниры Албанийы. 26.02.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-02-26T10:01+0300
2026-02-26T10:01+0300
2026-02-26T10:56+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
цӕгат ирыстон
спорт
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/02/1a/37548637_0:0:1280:721_1920x0_80_0_0_da766ad88c80d39d4b6c2b32bdb49780.jpg
ЦХИНВАЛ, 26 фев – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссарирыстойнаг спортсмен Джиоты Арсений рамбылдта бронзӕ майдан ӕхсӕнадӕмон рейтингон турниры Албанийы.Джиоты Арсений Азербайджаны командӕйы сконды архайдта 86 килограммы уӕзы категорийы. Бронзӕ майданыл тохы Арсений рамбылдта дунейы цыппар хатты чемпион ӕмӕ Олимпиаг хъӕзтыты дыууӕ хатты призер Кайл Дэйкы 4:1 хыгъдӕй.Джиоты Арсений турниры дӕргъы рамбылдта дыууӕ номдзыд хъӕбысӕйхӕцӕджы – дунейы чемпионатты уӕлахиздзауты – Кайл Дэйк ӕмӕ Ахмед Усмановы. Арсений иунӕг хатт фембылд дагестайнаг, Уӕрӕсейы архайгӕ чемпион Ибрагим Кадиевӕн 3:2 хыгъдӕй.Ирыстоны ноджы иу минӕвар турниры Тауитты Чермен та рамбылдта ӕвзист майдан. Финалон тохы ирон богал фембылд турниры сӕйраг фаворит, дагестайнаг спортсмен Заур Угуевӕн 5:2 хыгъдӕй.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/02/1a/37548637_27:0:1164:853_1920x0_80_0_0_3ee93f6545fa0c0f87127255aaafe6e3.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, цӕгат ирыстон, спорт
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, цӕгат ирыстон, спорт
Джиоты Арсений рамбылдта бронзӕ майдан уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй турниры Албанийы
10:01 26.02.2026 (Ранӕуӕггонд: 10:56 26.02.2026) ЦХИНВАЛ, 26 фев – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссарирыстойнаг спортсмен Джиоты Арсений рамбылдта бронзӕ майдан ӕхсӕнадӕмон рейтингон турниры Албанийы.
Джиоты Арсений Азербайджаны командӕйы сконды архайдта 86 килограммы уӕзы категорийы. Бронзӕ майданыл тохы Арсений рамбылдта дунейы цыппар хатты чемпион ӕмӕ Олимпиаг хъӕзтыты дыууӕ хатты призер Кайл Дэйкы 4:1 хыгъдӕй.
Джиоты Арсений турниры дӕргъы рамбылдта дыууӕ номдзыд хъӕбысӕйхӕцӕджы – дунейы чемпионатты уӕлахиздзауты – Кайл Дэйк ӕмӕ Ахмед Усмановы. Арсений иунӕг хатт фембылд дагестайнаг, Уӕрӕсейы архайгӕ чемпион Ибрагим Кадиевӕн 3:2 хыгъдӕй.
Ирыстоны ноджы иу минӕвар турниры Тауитты Чермен та рамбылдта ӕвзист майдан. Финалон тохы ирон богал фембылд турниры сӕйраг фаворит, дагестайнаг спортсмен Заур Угуевӕн 5:2 хыгъдӕй.