https://sputnik-ossetia.com/20260318/gagloyty-alan-eredy-tragedi-ravdysta-irttn-ky-ny-sombon-guyrdzystonim-37864493.html
Гаглойты Алан: Ереды трагеди равдыста, ирæттæн кæй нæй сомбон Гуырдзыстонимæ
Гаглойты Алан: Ереды трагеди равдыста, ирæттæн кæй нæй сомбон Гуырдзыстонимæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 18 мар – Sputnik. Ереды трагеди равдыста, ирон адæмæн кæй нæй сомбон унитарон Гуырдзыстоны сконды, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты... 18.03.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-03-18T09:57+0300
2026-03-18T09:57+0300
2026-03-18T09:57+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
гаглойты алан
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/03/12/28396019_0:78:1500:922_1920x0_80_0_0_20e6d98a9a41d1463d62ee2421c872fb.jpg
ЦХИНВАЛ, 18 мар – Sputnik. Ереды трагеди равдыста, ирон адæмæн кæй нæй сомбон унитарон Гуырдзыстоны сконды, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан йæ раныхасы республикæйы историйы иуыл трагикон датæтæй иуы 35-æм афæдзы боны фæдыл."Абон мах æмбарæм, Ереды трагеди бæлвырдæй кæй равдыста, ирон адæмæн кæй нæй сомбон унитарон Гуырдзыстоны сконды. Хæдбардзинады фæдыл референдум æмæ уый фæстæ Уæрæсейы Федерациимæ интеграци уыдысты нæ адæмы æвзæрст сæ хæдбардзинадмæ фæндагыл", - банысан кодта президент.Уыцы азты трагикон цаутæн политикон аргъ не скодтой Гуырдзыстоны, бахахх кодта президент.1991 азы 18 марты Ереды хъæуы цур гуырдзиаг хотыхджын ӕфсӕддонтӕ рахизын кодтой Дменисæй Цхинвалмæ цæуæг автобусæй 25 ироны. Сылгоймæгтæ æмæ сывæллæтты фæнадтой, стæй сæ ауагътой. 12 ирон нӕлгоймаджы та бирӕ фыдмиты фӕстӕ удæгасæй баныгæдтой. Бирӕ азты дӕргъы уыдон нымад цыдысты ӕбӕрӕгӕй сӕфтыл. Сæ ингæны бынат сын ссардтой æрмæстдæр дыууæ азы фæстæ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/03/12/28396019_84:0:1417:1000_1920x0_80_0_0_4ad76cd4257abebaad61046fc73c202d.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан
Гаглойты Алан: Ереды трагеди равдыста, ирæттæн кæй нæй сомбон Гуырдзыстонимæ
ЦХИНВАЛ, 18 мар – Sputnik. Ереды трагеди равдыста, ирон адæмæн кæй нæй сомбон унитарон Гуырдзыстоны сконды, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан йæ раныхасы республикæйы историйы иуыл трагикон датæтæй иуы 35-æм афæдзы боны фæдыл.
"Абон мах æмбарæм, Ереды трагеди бæлвырдæй кæй равдыста, ирон адæмæн кæй нæй сомбон унитарон Гуырдзыстоны сконды. Хæдбардзинады фæдыл референдум æмæ уый фæстæ Уæрæсейы Федерациимæ интеграци уыдысты нæ адæмы æвзæрст сæ хæдбардзинадмæ фæндагыл", - банысан кодта президент.
Уыцы азты трагикон цаутæн политикон аргъ не скодтой Гуырдзыстоны, бахахх кодта президент.
"Гуырдзыстон кæй нæ разы кæны тыхæй ма пайда кæныны бадзырд бафысын æмæ кæй æххæст кæны кампани уæрæсейаг фидауынгæнæг операци дискредитаци скæныны фæдыл, уымæй уыдон фæнд кæнынц фæивын истори æмæ сæхи аиуварс кæнын бæрндзинадæй сæ æфсæддон агресси æмæ фыдракæндтæй", - фехъусын кодта паддзахады сæргълæууæг.
1991 азы 18 марты Ереды хъæуы цур гуырдзиаг хотыхджын ӕфсӕддонтӕ рахизын кодтой Дменисæй Цхинвалмæ цæуæг автобусæй 25 ироны. Сылгоймæгтæ æмæ сывæллæтты фæнадтой, стæй сæ ауагътой. 12 ирон нӕлгоймаджы та бирӕ фыдмиты фӕстӕ удæгасæй баныгæдтой. Бирӕ азты дӕргъы уыдон нымад цыдысты ӕбӕрӕгӕй сӕфтыл. Сæ ингæны бынат сын ссардтой æрмæстдæр дыууæ азы фæстæ.