https://sputnik-ossetia.com/20260318/khussar-iry-ssardtoy-eredy-tragediyy-amattagty-rukhs-namtta-37874040.html
Хуссар Иры ссардтой Ереды трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ
Хуссар Иры ссардтой Ереды трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 18 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕртыццӕджы ссардтой Ереды трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ. 18.03.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-03-18T13:05+0300
2026-03-18T13:05+0300
2026-03-18T15:09+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
гаглойты алан
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/03/12/37870143_0:161:3071:1888_1920x0_80_0_0_55b3ad0657c79590af8a8a8980bf172c.jpg
ЦХИНВАЛ, 18 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕртыццӕджы ссардтой Ереды трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ.Ереды трагедийы амӕттӕгты ӕфсымӕрон ингӕны раз фыдохы митингмӕ ӕрбацыдысты Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан, Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов, парламенты спикер Мӕргъиты Алан, уагдӕттӕ ӕмӕ ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ, амӕттӕгты хиуӕттӕ.Республикӕйы сӕргълӕууӕг йӕ раныхасы банысан кодта, абон кӕй ӕрывӕрдтой бындур Ереды трагедийы амӕттӕгты монументӕн, уый сӕвӕрдзысты Цхинвал-Дменис трассӕйыл.1991 азы 18 марты Ереды хъæуы цур гуырдзиаг хотыхджын ӕфсӕддонтӕ рахизын кодтой Дменисæй Цхинвалмæ цæуæг автобусæй 25 ироны. Сылгоймæгтæ æмæ сывæллæтты фæнадтой, стæй сæ ауагътой. 12 ирон нӕлгоймаджы та бирӕ фыдмиты фӕстӕ удæгасæй баныгæдтой. Бирӕ азты дӕргъы уыдон нымад цыдысты ӕбӕрӕгӕй сӕфтыл. Сæ ингæны бынат сын ссардтой æрмæстдæр дыууæ азы фæстæ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/03/12/37870143_170:0:2901:2048_1920x0_80_0_0_8822aac28d731fcb579b74009684ee08.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан
Хуссар Иры ссардтой Ереды трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ
13:05 18.03.2026 (Ранӕуӕггонд: 15:09 18.03.2026) ЦХИНВАЛ, 18 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕртыццӕджы ссардтой Ереды трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ.
Ереды трагедийы амӕттӕгты ӕфсымӕрон ингӕны раз фыдохы митингмӕ ӕрбацыдысты Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан, Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов, парламенты спикер Мӕргъиты Алан, уагдӕттӕ ӕмӕ ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ, амӕттӕгты хиуӕттӕ.
Республикӕйы сӕргълӕууӕг йӕ раныхасы банысан кодта, абон кӕй ӕрывӕрдтой бындур Ереды трагедийы амӕттӕгты монументӕн, уый сӕвӕрдзысты Цхинвал-Дменис трассӕйыл.
1991 азы 18 марты Ереды хъæуы цур гуырдзиаг хотыхджын ӕфсӕддонтӕ рахизын кодтой Дменисæй Цхинвалмæ цæуæг автобусæй 25 ироны. Сылгоймæгтæ æмæ сывæллæтты фæнадтой, стæй сæ ауагътой. 12 ирон нӕлгоймаджы та бирӕ фыдмиты фӕстӕ удæгасæй баныгæдтой. Бирӕ азты дӕргъы уыдон нымад цыдысты ӕбӕрӕгӕй сӕфтыл. Сæ ингæны бынат сын ссардтой æрмæстдæр дыууæ азы фæстæ.