https://sputnik-ossetia.com/20260319/gagloyty-alan-ardzyrdta-narduaton-organizatsiyy-khistarima-kuaysayy-gaziftongady-kuystytyl-37883951.html
Гаглойты Алан ӕрдзырдта нардуатон организацийы хистӕримӕ Къуайсайы газифтонгады куыстытыл
Гаглойты Алан ӕрдзырдта нардуатон организацийы хистӕримӕ Къуайсайы газифтонгады куыстытыл
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 19 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан Къуайсайы газификацийы проекты нардуатон организацийы хистӕр Гӕбӕраты Ацӕмӕзимӕ фембӕлды... 19.03.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-03-19T09:26+0300
2026-03-19T09:26+0300
2026-03-19T11:24+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
гаглойты алан
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/201/87/2018752_0:161:3071:1888_1920x0_80_0_0_efb25005404ee54fdb266e07b7cae831.jpg
ЦХИНВАЛ, 19 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан Къуайсайы газификацийы проекты нардуатон организацийы хистӕр Гӕбӕраты Ацӕмӕзимӕ фембӕлды рӕстӕджы ӕрдзырдта республикӕйы иуыл сӕйрагдӕр проектӕй иуы реализацийыл.Паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй Къуайсайы газификацийы проект бахызт активон фазӕмӕ. Гӕбӕраты Ацӕмӕзы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕнӕмӕнгхъӕугӕ ӕрмӕджытӕ ӕмӕ техникӕ ныридӕгӕн бацӕттӕ кодтой ӕмӕ сты горӕты территорийыл.Гӕбӕраты Ацӕмӕз бахахх кодта, объект ифтонг кӕй у техникӕ ӕмӕ кусджытӕй. Афтӕ ма специалисттӕн бадхӕдтой цӕрӕн вагонтӕ ӕмӕ сорганизаци кодтой хӕлцады пункт.Дарддӕры этап уыдзысты зӕххы куыстытӕ, фӕлӕ уыдон чысыл фӕфӕстиат сты Къуыдаргомы нырма мит кӕй ис, уый тыххӕй.Ӕмрӕстӕджы цӕттӕ кӕнынц баиу кӕнын хӕстӕг цӕрӕн пункттӕ. Ныридӕгӕн райдыдтой ласын уӕлӕмхас трубӕтӕ, цӕмӕй газифтонгады хызӕгтӕ рауӕрӕх кӕной.Фембӕлды кӕрон Гаглойты Алан ӕвӕрццаг аргъ скодта докладӕн ӕмӕ проекты реализацийӕн. Гӕбӕраты Ацӕмӕз дзырд радта, куыстытӕ кӕй сӕххӕст кӕндзысты гъӕдджынӕй ӕмӕ нысангонд ӕмгъуыдмӕ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/201/87/2018752_171:0:2902:2048_1920x0_80_0_0_796797d502bcb45f7a2eeca136109906.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан
ЦХИНВАЛ, 19 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан Къуайсайы газификацийы проекты нардуатон организацийы хистӕр Гӕбӕраты Ацӕмӕзимӕ фембӕлды рӕстӕджы ӕрдзырдта республикӕйы иуыл сӕйрагдӕр проектӕй иуы реализацийыл.
Паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй Къуайсайы газификацийы проект бахызт активон фазӕмӕ. Гӕбӕраты Ацӕмӕзы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕнӕмӕнгхъӕугӕ ӕрмӕджытӕ ӕмӕ техникӕ ныридӕгӕн бацӕттӕ кодтой ӕмӕ сты горӕты территорийыл.
Гӕбӕраты Ацӕмӕз бахахх кодта, объект ифтонг кӕй у техникӕ ӕмӕ кусджытӕй. Афтӕ ма специалисттӕн бадхӕдтой цӕрӕн вагонтӕ ӕмӕ сорганизаци кодтой хӕлцады пункт.
Дарддӕры этап уыдзысты зӕххы куыстытӕ, фӕлӕ уыдон чысыл фӕфӕстиат сты Къуыдаргомы нырма мит кӕй ис, уый тыххӕй.
Ӕмрӕстӕджы цӕттӕ кӕнынц баиу кӕнын хӕстӕг цӕрӕн пункттӕ. Ныридӕгӕн райдыдтой ласын уӕлӕмхас трубӕтӕ, цӕмӕй газифтонгады хызӕгтӕ рауӕрӕх кӕной.
Фембӕлды кӕрон Гаглойты Алан ӕвӕрццаг аргъ скодта докладӕн ӕмӕ проекты реализацийӕн. Гӕбӕраты Ацӕмӕз дзырд радта, куыстытӕ кӕй сӕххӕст кӕндзысты гъӕдджынӕй ӕмӕ нысангонд ӕмгъуыдмӕ.