https://sputnik-ossetia.com/20260320/tsotsity-aleksandr-fembld-tsgat-kavkazy-tamozhnyon-ftkdaruaty-minvrttim-37912375.html
Цоциты Александр фембæлд Цæгат Кавказы таможнæйон фæткдаруаты минæвæрттимæ
Цоциты Александр фембæлд Цæгат Кавказы таможнæйон фæткдаруаты минæвæрттимæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 20 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй автотранспорты рæстæгмæ æрбаласты фæдыл хæстæ кæмæн ис, уыдонæн Уæрæсемæ æрбацæуыныл тобæ æвзæрын кæны... 20.03.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-03-20T13:36+0300
2026-03-20T13:36+0300
2026-03-20T13:36+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
таможнæ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/07/02/12454498_0:245:2731:1781_1920x0_80_0_0_572d0992038560a50d1d99d5c99a01d7.jpg
ЦХИНВАЛ, 20 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй автотранспорты рæстæгмæ æрбаласты фæдыл хæстæ кæмæн ис, уыдонæн Уæрæсемæ æрбацæуыныл тобæ æвзæрын кæны критикон цæлхдуртæ æвæстиат медицинон æмæ гуманитарон фарстытæ скъуыддзаг кæнынæн. Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы Таможнæйы комитеты сæргълæууæг Цоциты Александр.Æмбæлон куырдиат уагдоны сæргълæууæг фехъусын кодта Цæгат Кавказы таможнæйон фæткдаруаты минæвæрттимæ фембæлды рæстæджы.Баныхасы рæстæджы хуссарирыстойнаг фарс банхъардта, цæмæй арæнæвæрдон мадзæлттæ ма парахат кæной РХИ æмбæстæгтыл, кæцытæ фехæлдтой автотранспорты рæстæгмæ æрбаласты фæтктæ.Фембæлды хайадисджытæ хицæнæй æркастысты сæрмагонд æфсæддон операцийы хайдисджытæ транспортон фæрæзты рæстæгмæ æрбаласты æмгъуыд куы фехалынц, уыцы фарстмæ. Уæрæсейаг фарс фехъусын кодта, СÆО-йы хæстонты фæдыл хъуыддагмæ кæй æркæсдзысты сæрмагонд фæткмæ гæсгæ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/07/02/12454498_0:0:2731:2048_1920x0_80_0_0_b911173666f22949e4d9020cc5cf9d5b.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, таможнæ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, таможнæ
Цоциты Александр фембæлд Цæгат Кавказы таможнæйон фæткдаруаты минæвæрттимæ
ЦХИНВАЛ, 20 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй автотранспорты рæстæгмæ æрбаласты фæдыл хæстæ кæмæн ис, уыдонæн Уæрæсемæ æрбацæуыныл тобæ æвзæрын кæны критикон цæлхдуртæ æвæстиат медицинон æмæ гуманитарон фарстытæ скъуыддзаг кæнынæн. Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы Таможнæйы комитеты сæргълæууæг Цоциты Александр.
Æмбæлон куырдиат уагдоны сæргълæууæг фехъусын кодта Цæгат Кавказы таможнæйон фæткдаруаты минæвæрттимæ фембæлды рæстæджы.
"Уæрæсейы Федералон таможнæйон службæйы скъуыддзаг æрбацæуыныл тобæ сæвæрыны фæдыл аразы егъау цæлхдуртæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн, уымæн æмæ Уæрæсейы Федераци у иунæг бæстæ, цы ранмæ сæ бон у цæуын æвæстиат медицинон æмæ гуманитарон фарстытæ скъуыддзаг кæнынæн", - бахахх кодта Цоциты Александр.
Баныхасы рæстæджы хуссарирыстойнаг фарс банхъардта, цæмæй арæнæвæрдон мадзæлттæ ма парахат кæной РХИ æмбæстæгтыл, кæцытæ фехæлдтой автотранспорты рæстæгмæ æрбаласты фæтктæ.
Фембæлды хайадисджытæ хицæнæй æркастысты сæрмагонд æфсæддон операцийы хайдисджытæ транспортон фæрæзты рæстæгмæ æрбаласты æмгъуыд куы фехалынц, уыцы фарстмæ. Уæрæсейаг фарс фехъусын кодта, СÆО-йы хæстонты фæдыл хъуыддагмæ кæй æркæсдзысты сæрмагонд фæткмæ гæсгæ.