https://sputnik-ossetia.com/20260325/maskuyyy-atsyd-gagloyty-alan-ama-sergey-kirienkoyy-fembald-37977926.html
Мӕскуыйы ацыд Гаглойты Алан ӕмӕ Сергей Кириенкойы фембӕлд
Мӕскуыйы ацыд Гаглойты Алан ӕмӕ Сергей Кириенкойы фембӕлд
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 25 мар – Sputnik. Мӕскуыйы ацыд Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы кусӕгон фембӕлд Уӕрӕсейы президенты администрацийы разамонӕджы фыццаг хӕдивӕг... 25.03.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-03-25T14:53+0300
2026-03-25T14:53+0300
2026-03-25T14:53+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
гаглойты алан
уӕрӕсейы
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/03/19/37977319_137:0:1143:566_1920x0_80_0_0_d9448f2cedb40f36d2c2b08385f4f9a4.jpg
ЦХИНВАЛ, 25 мар – Sputnik. Мӕскуыйы ацыд Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы кусӕгон фембӕлд Уӕрӕсейы президенты администрацийы разамонӕджы фыццаг хӕдивӕг Сергей Кириенкоимӕ.Баныхасы рӕстӕджы дзырд цыд дывӕрсыг ӕмархайды здӕхтытыл, сӕ нымӕцы республикӕйы социалон-экономикон райрӕзты фарстытӕ ӕмӕ иумӕйаг проектты реализаци.Фембӕлды рӕстӕджы банысан кодтой, кӕй бантыст аскъуыддзаг кӕнын Хуссар Ирыстоны прокуратурӕйы кусджыты мыздтӕ фӕфылдӕр кӕныны фарст. Фӕфылдӕргонд мыздтӕ райдайдзысты фидын ацы азы фыццаг хай.Хицӕн хъусдард здӕхт уыд компани БТК-йы уавӕрмӕ. Нысангонд ӕрцыд, зӕгъгӕ, раздӕр цы арӕнӕвӕрдтӕ уыдысты, уыдон ист ӕрцыдысты, ныртӕккӕ цӕуы куыст заказтӕ аразыныл.Уымӕй дарддӕр дзырд цыд сӕндуцӕн компанийы продукцийӕн ӕнцондӕр фадӕттӕ саразыныл уӕрӕсейаг базармӕ бахизынӕн. Фарсыты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ӕнӕмӕнгхъӕугӕ скъуыддзӕгтӕ ист ӕрцыдысты, ӕмӕ фарст алыг кӕндзысты ӕввахс рӕстӕджы.
уӕрӕсейы
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/03/19/37977319_259:0:1020:571_1920x0_80_0_0_39448c704020aa47c7852fd4a0980d8c.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан, уӕрӕсейы
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан, уӕрӕсейы
Мӕскуыйы ацыд Гаглойты Алан ӕмӕ Сергей Кириенкойы фембӕлд
ЦХИНВАЛ, 25 мар – Sputnik. Мӕскуыйы ацыд Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы кусӕгон фембӕлд Уӕрӕсейы президенты администрацийы разамонӕджы фыццаг хӕдивӕг Сергей Кириенкоимӕ.
Баныхасы рӕстӕджы дзырд цыд дывӕрсыг ӕмархайды здӕхтытыл, сӕ нымӕцы республикӕйы социалон-экономикон райрӕзты фарстытӕ ӕмӕ иумӕйаг проектты реализаци.
Фембӕлды рӕстӕджы банысан кодтой, кӕй бантыст аскъуыддзаг кӕнын Хуссар Ирыстоны прокуратурӕйы кусджыты мыздтӕ фӕфылдӕр кӕныны фарст. Фӕфылдӕргонд мыздтӕ райдайдзысты фидын ацы азы фыццаг хай.
Хицӕн хъусдард здӕхт уыд компани БТК-йы уавӕрмӕ. Нысангонд ӕрцыд, зӕгъгӕ, раздӕр цы арӕнӕвӕрдтӕ уыдысты, уыдон ист ӕрцыдысты, ныртӕккӕ цӕуы куыст заказтӕ аразыныл.
Уымӕй дарддӕр дзырд цыд сӕндуцӕн компанийы продукцийӕн ӕнцондӕр фадӕттӕ саразыныл уӕрӕсейаг базармӕ бахизынӕн. Фарсыты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ӕнӕмӕнгхъӕугӕ скъуыддзӕгтӕ ист ӕрцыдысты, ӕмӕ фарст алыг кӕндзысты ӕввахс рӕстӕджы.