https://sputnik-ossetia.com/20260403/gagloyty-alan-ama-badra-gunba-fembaldy-rastadzhy-ardzyrdtoy-bastdzinadta-rauarakh-kanynyl-38126256.html
Гаглойты Алан ӕмӕ Бадра Гунба фембӕлды рӕстӕджы ӕрдзырдтой бастдзинӕдтӕ рауӕрӕх кӕныныл
Гаглойты Алан ӕмӕ Бадра Гунба фембӕлды рӕстӕджы ӕрдзырдтой бастдзинӕдтӕ рауӕрӕх кӕныныл
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 3 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстон фӕнд кӕны дарддӕр уӕрӕх кӕнын бастдзинӕдтӕ Абхазимӕ, сӕйраджыдӕр, базарадон-экономикон къабазы, загъта республикӕйы... 03.04.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-04-03T09:39+0300
2026-04-03T09:39+0300
2026-04-03T09:39+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
гаглойты алан
абхаз
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/04/03/38124164_0:42:800:492_1920x0_80_0_0_500b39a5bec733e1b191eb0ca586c72f.jpg
ЦХИНВАЛ, 3 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстон фӕнд кӕны дарддӕр уӕрӕх кӕнын бастдзинӕдтӕ Абхазимӕ, сӕйраджыдӕр, базарадон-экономикон къабазы, загъта республикӕйы президент Гаглойты Алан Абхазы сӕргълӕууӕг Бадра Гунбаимӕ фембӕлды рӕстӕджы. Уый тыххӕй фехъусын кодта паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.Гаглойты Алан хуссарирыстойнаг делегацийы сӕргъ ӕрцыд цыппӕрӕмы Сухуммӕ, цӕмӕй хайад райса ӕхсӕнадӕмон экономикон форумы "Абхазия — инвестиции будущего".Бадра Гунба сӕмбӕлд Гаглойты Алан ӕмӕ делегацийы уӕнгтыл ӕмӕ банысан кодта се ‘рцыды ахсджиагдзинад. Абхазы разамонӕг бахахх кодта, ӕхсӕнадӕмон экономикон форум кӕй у ахсджиаг фӕзуат ӕмгуыстады перспективӕтыл ӕрныхас кӕнынӕн.РХИ президент бузныг загъта абхазаг фарсӕн хъарм райсты тыххӕй.Фарсытӕ ма ӕрдзырдтой дывӕрсыг ӕмархайдыл, ӕхсӕнпаддзахадон бастдзинӕдтӕ сфидар кӕныныл, афтӕ ма экономикон ӕмгуыстад рауӕрӕх кӕныны перспективӕтыл.
абхаз
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/04/03/38124164_45:0:756:533_1920x0_80_0_0_14b3862a700818a69686f099167dee3b.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан, абхаз
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан, абхаз
Гаглойты Алан ӕмӕ Бадра Гунба фембӕлды рӕстӕджы ӕрдзырдтой бастдзинӕдтӕ рауӕрӕх кӕныныл
ЦХИНВАЛ, 3 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстон фӕнд кӕны дарддӕр уӕрӕх кӕнын бастдзинӕдтӕ Абхазимӕ, сӕйраджыдӕр, базарадон-экономикон къабазы, загъта республикӕйы президент Гаглойты Алан Абхазы сӕргълӕууӕг Бадра Гунбаимӕ фембӕлды рӕстӕджы. Уый тыххӕй фехъусын кодта паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
Гаглойты Алан хуссарирыстойнаг делегацийы сӕргъ ӕрцыд цыппӕрӕмы Сухуммӕ, цӕмӕй хайад райса ӕхсӕнадӕмон экономикон форумы "Абхазия — инвестиции будущего".
Бадра Гунба сӕмбӕлд Гаглойты Алан ӕмӕ делегацийы уӕнгтыл ӕмӕ банысан кодта се ‘рцыды ахсджиагдзинад. Абхазы разамонӕг бахахх кодта, ӕхсӕнадӕмон экономикон форум кӕй у ахсджиаг фӕзуат ӕмгуыстады перспективӕтыл ӕрныхас кӕнынӕн.
РХИ президент бузныг загъта абхазаг фарсӕн хъарм райсты тыххӕй.
"Гаглойты Алан банысан кодта, Хуссар Ирыстон кӕй фӕнд кӕны дарддӕр уӕрӕх кӕныны ӕмгуыстад, сӕйраджыдӕр, базарадон-экономикон къабазы. Афтӕ ма президент фехъусын кодта, форумы фӕлгӕтты кӕй райсдзысты ног практикон мадзӕлттӕ хӕларадон ахастытӕ сфидар кӕнынӕн" - банысан кодтой пресс-службӕйы.
Фарсытӕ ма ӕрдзырдтой дывӕрсыг ӕмархайдыл, ӕхсӕнпаддзахадон бастдзинӕдтӕ сфидар кӕныныл, афтӕ ма экономикон ӕмгуыстад рауӕрӕх кӕныны перспективӕтыл.