https://sputnik-ossetia.com/20260407/khipu-yy-baygom-sty-iron-avzag-akhuyrkanan-kursyta-38194978.html
ХИПУ-йы байгом сты ирон ӕвзаг ахуыркӕнӕн курсытӕ
ХИПУ-йы байгом сты ирон ӕвзаг ахуыркӕнӕн курсытӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 7 апр – Sputnik, Тедеты Виктория. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты лингвокультурологон центры цур байгом сты ирон ӕвзаг ахуыркӕнӕн курсытӕ. 07.04.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-04-07T10:26+0300
2026-04-07T10:26+0300
2026-04-07T10:26+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
хипу
ахуырад
ирон æвзаг
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/04/07/38193779_0:0:1247:702_1920x0_80_0_0_ffe12a162615b5e762fea4c6bbc85034.jpg
ЦХИНВАЛ, 7 апр – Sputnik, Тедеты Виктория. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты лингвокультурологон центры цур байгом сты ирон ӕвзаг ахуыркӕнӕн курсытӕ.Курсыты хайадисджыты адих кӕндзысты дыууӕ къордыл: фыццаджы уыдзысты ирон ӕвзагыл чи нӕ дзуры, ахӕм адӕм ӕмӕ дыккаг къорды та сӕ зонындзинӕдтӕ фӕфылдӕр кӕнын кӕй фӕнды, уыдон.Курсытӕ бакӕныныл бацархайдтой ХИПУ-йы ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы кафедрӕйы ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ профессортӕ Битарты Зоя, Тыбылты Инга, Биазырты Алла, Плиты Сергей, Плиты Гацыр ӕмӕ уырыссаг ӕвзаджы кафедрӕйы доцент Остъаты Джульетта. Уыдон сты курсыты лектортӕ дӕр.Профессор Битарты Зоя бахахх кодта, зӕгъгӕ, курсыты фӕстӕ ӕмбӕстӕгтӕн сӕ бон уыдзӕн сӕрибарӕй дзурын ирон ӕвзагыл, уый та ӕнӕмӕнг у политикон, паддзахадон, закъондӕттынадон ӕмӕ тӕрхондоны къабӕзты.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/04/07/38193779_112:0:1053:706_1920x0_80_0_0_7aba7a3aa5888891caf93601a002b2b6.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хипу, ахуырад, ирон æвзаг
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хипу, ахуырад, ирон æвзаг
ХИПУ-йы байгом сты ирон ӕвзаг ахуыркӕнӕн курсытӕ
ЦХИНВАЛ, 7 апр – Sputnik, Тедеты Виктория. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты лингвокультурологон центры цур байгом сты ирон ӕвзаг ахуыркӕнӕн курсытӕ.
"Нӕ сӕйраг хӕс у ирон ӕвзаг ӕмӕ культурӕйы райрӕзтыл архайын" - загъта университеты ректор Тедеты Вадим.
Курсыты хайадисджыты адих кӕндзысты дыууӕ къордыл: фыццаджы уыдзысты ирон ӕвзагыл чи нӕ дзуры, ахӕм адӕм ӕмӕ дыккаг къорды та сӕ зонындзинӕдтӕ фӕфылдӕр кӕнын кӕй фӕнды, уыдон.
Курсытӕ бакӕныныл бацархайдтой ХИПУ-йы ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы кафедрӕйы ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ профессортӕ Битарты Зоя, Тыбылты Инга, Биазырты Алла, Плиты Сергей, Плиты Гацыр ӕмӕ уырыссаг ӕвзаджы кафедрӕйы доцент Остъаты Джульетта. Уыдон сты курсыты лектортӕ дӕр.
Профессор Битарты Зоя бахахх кодта, зӕгъгӕ, курсыты фӕстӕ ӕмбӕстӕгтӕн сӕ бон уыдзӕн сӕрибарӕй дзурын ирон ӕвзагыл, уый та ӕнӕмӕнг у политикон, паддзахадон, закъондӕттынадон ӕмӕ тӕрхондоны къабӕзты.