https://sputnik-ossetia.com/20260408/khussar-iry-uum-arvitdzan-gumanitaron-uarg-dagestanma-38222951.html
Хуссар Иры УУМ арвитдзӕн гуманитарон уаргъ Дагестанмӕ
Хуссар Иры УУМ арвитдзӕн гуманитарон уаргъ Дагестанмӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 8 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстон цӕттӕ у ӕнӕмӕнгхъӕугӕ ӕххуыс бакӕнын Дагестанӕн тӕрккъӕвдатӕ ӕмӕ донивылдты фӕстиуджытӕ ауиварс кӕныны хъуыддаджы. 08.04.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-04-08T15:45+0300
2026-04-08T15:45+0300
2026-04-08T15:45+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
уум
гаглойты алан
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/04/08/38218642_0:231:600:569_1920x0_80_0_0_a7af986304f9892897355703c3dcad67.jpg
ЦХИНВАЛ, 8 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстон цӕттӕ у ӕнӕмӕнгхъӕугӕ ӕххуыс бакӕнын Дагестанӕн тӕрккъӕвдатӕ ӕмӕ донивылдты фӕстиуджытӕ ауиварс кӕныны хъуыддаджы.РХИ уӕлвӕткон уавӕрты министр Гассеты Ибрагим телефонӕй аныхас кодта Дагестаны УУМ разамонӕг Нариман Казимагамедовимӕ.Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы фӕдзӕхстӕй Гассеты Ибрагим равдыста цӕттӕдзинад баххуыс кӕнын Дагестаны адӕмӕн ӕрдзон бӕллӕхы фӕстиуджытӕ аиуварс кӕнынӕн.Баныхасы фӕстиуӕгӕн фарсытӕ развӕлгъау бадзырдтой ӕмархайды механизмтыл.Ныртӕккӕ Хуссар Ирыстоны УУМ цӕттӕ кӕны гуманитарон уаргъы колоннӕ Дагестанмӕ. Кӕд бахъӕуа, уӕд министрады кусджытӕ дӕр ӕвӕстаитӕй ацӕудзысты уӕлвӕткон цауы зонӕмӕ, цӕмӕй фӕтыхджындӕр кӕной Дагестаны ирвӕзынгӕнӕг къордтӕ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/04/08/38218642_0:175:600:625_1920x0_80_0_0_0d5f814dab61b8e7bba6acfcadf8efef.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, уум, гаглойты алан
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, уум, гаглойты алан
Хуссар Иры УУМ арвитдзӕн гуманитарон уаргъ Дагестанмӕ
ЦХИНВАЛ, 8 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстон цӕттӕ у ӕнӕмӕнгхъӕугӕ ӕххуыс бакӕнын Дагестанӕн тӕрккъӕвдатӕ ӕмӕ донивылдты фӕстиуджытӕ ауиварс кӕныны хъуыддаджы.
РХИ уӕлвӕткон уавӕрты министр Гассеты Ибрагим телефонӕй аныхас кодта Дагестаны УУМ разамонӕг Нариман Казимагамедовимӕ.
Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы фӕдзӕхстӕй Гассеты Ибрагим равдыста цӕттӕдзинад баххуыс кӕнын Дагестаны адӕмӕн ӕрдзон бӕллӕхы фӕстиуджытӕ аиуварс кӕнынӕн.
Баныхасы фӕстиуӕгӕн фарсытӕ развӕлгъау бадзырдтой ӕмархайды механизмтыл.
Ныртӕккӕ Хуссар Ирыстоны УУМ цӕттӕ кӕны гуманитарон уаргъы колоннӕ Дагестанмӕ. Кӕд бахъӕуа, уӕд министрады кусджытӕ дӕр ӕвӕстаитӕй ацӕудзысты уӕлвӕткон цауы зонӕмӕ, цӕмӕй фӕтыхджындӕр кӕной Дагестаны ирвӕзынгӕнӕг къордтӕ.