https://sputnik-ossetia.com/20260410/dzaudzhykhauy-artsyd-sramygd-38263856.html
Дзӕуджыхъӕуы ӕрцыд срӕмыгъд
Дзӕуджыхъӕуы ӕрцыд срӕмыгъд
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 10 апр – Sputnik. Фӕстаг бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Дзӕуджыхъӕуы срӕмыгъды фӕстиуӕгӕн буары цӕфтӕ райстой 14 адӕймаджы, уыдонӕй ӕртӕйӕ сты уӕззау уавӕры... 10.04.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-04-10T14:17+0300
2026-04-10T14:17+0300
2026-04-10T15:19+0300
цӕгат ирыстон
ног хабӕрттӕ
дзӕуджыхъӕу
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/04/0a/38263310_0:13:1131:649_1920x0_80_0_0_9b2c1cbfbfd97f3898afd299249ad792.jpg
ЦХИНВАЛ, 10 апр – Sputnik. Фӕстаг бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Дзӕуджыхъӕуы срӕмыгъды фӕстиуӕгӕн буары цӕфтӕ райстой 14 адӕймаджы, уыдонӕй ӕртӕйӕ сты уӕззау уавӕры. Цауы фӕстиуӕгӕн дыууӕ адӕймаджы фӕмард сты, фехъусын кодта Sputnik-ӕн ВГТРК уацхӕссӕг пункты хистӕр Къуындыхты Александр.Срӕмыгъд ӕрцыд майрӕмбоны Партизанты уынгыл ӕфтауцы бӕстыхӕйтты."Мах ныртӕккӕ стӕм цауы бынаты. Ирвӕзынгӕнджытӕ ӕфснайынц пырхӕнтӕ. Ныртӕккӕ уал бӕрӕг у, буары цӕфтӕ кӕй райстой 14 адӕймаджы, уыдонӕй ӕртӕйӕ сты уӕззау уавӕры. Срӕмыгъды фӕстиуӕгӕн дыууӕ адӕймаджы фӕмард сты", - загъта Къуындыхты Александр.Развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ӕрцыд пиротехникӕйы детонаци ӕфтауцы.Къуындыхты Александр бафтыдта, зӕгъгӕ, бынаты кусы Дзӕуджыхъӕуы мэр Милдзхыхты Вячеслав.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/04/0a/38263310_126:0:1007:661_1920x0_80_0_0_9d521ce855beddacdfe5d4e137bae847.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
цӕгат ирыстон, ног хабӕрттӕ, дзӕуджыхъӕу
цӕгат ирыстон, ног хабӕрттӕ, дзӕуджыхъӕу
Дзӕуджыхъӕуы ӕрцыд срӕмыгъд
14:17 10.04.2026 (Ранӕуӕггонд: 15:19 10.04.2026) ЦХИНВАЛ, 10 апр – Sputnik. Фӕстаг бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Дзӕуджыхъӕуы срӕмыгъды фӕстиуӕгӕн буары цӕфтӕ райстой 14 адӕймаджы, уыдонӕй ӕртӕйӕ сты уӕззау уавӕры. Цауы фӕстиуӕгӕн дыууӕ адӕймаджы фӕмард сты, фехъусын кодта Sputnik-ӕн ВГТРК уацхӕссӕг пункты хистӕр Къуындыхты Александр.
Срӕмыгъд ӕрцыд майрӕмбоны Партизанты уынгыл ӕфтауцы бӕстыхӕйтты.
"Мах ныртӕккӕ стӕм цауы бынаты. Ирвӕзынгӕнджытӕ ӕфснайынц пырхӕнтӕ. Ныртӕккӕ уал бӕрӕг у, буары цӕфтӕ кӕй райстой 14 адӕймаджы, уыдонӕй ӕртӕйӕ сты уӕззау уавӕры. Срӕмыгъды фӕстиуӕгӕн дыууӕ адӕймаджы фӕмард сты", - загъта Къуындыхты Александр.
Развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ӕрцыд пиротехникӕйы детонаци ӕфтауцы.
Къуындыхты Александр бафтыдта, зӕгъгӕ, бынаты кусы Дзӕуджыхъӕуы мэр Милдзхыхты Вячеслав.