https://sputnik-ossetia.com/20260421/gagloyty-alan-bakodta-khussar-iry-kulturayy-bonta-uaraseyy-38442932.html
Гаглойты Алан бакодта Хуссар Иры культурӕйы бонтӕ Уӕрӕсейы
Гаглойты Алан бакодта Хуссар Иры культурӕйы бонтӕ Уӕрӕсейы
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 21 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан хайад райста республикӕйы Культурӕйы бонтӕ Уӕрӕсейы бакӕныны цытджын церемонийы. 21.04.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-04-21T09:28+0300
2026-04-21T09:28+0300
2026-04-21T10:28+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
гаглойты алан
культурӕ
уӕрӕсейы
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/04/15/38439044_0:14:800:464_1920x0_80_0_0_ff736f053e2d14eace74ca767afebaa0.jpg
ЦХИНВАЛ, 21 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан хайад райста республикӕйы Культурӕйы бонтӕ Уӕрӕсейы бакӕныны цытджын церемонийы.РХИ президенты пресс-службӕ фехъусын кодта, йӕ раныхасы паддзахады сӕргълӕууӕг кӕй банысан кодта, Культурӕйы бонтӕ ауадзын кӕй у ахсджиаг символ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕхсӕн ӕнгом бастдзинӕдтӕн. Гаглойты Алан бузныг загъта хъарм райсты тыххӕй ӕмӕ бахахх кодта, республикӕ сӕрыстыр кӕй у бавдисын йӕ культурӕ уӕрӕсейаг аудиторийӕн.Президент ма банысан кодта, бӕстӕты ӕхсӕн культурон ӕмгуыстад кӕй у системон ӕмӕ дарддӕр рӕзы.Гаглойты Алан бузныг загъта Уӕрӕсейы Федерацийы культурӕйы министр Ольга Любимовайӕн проектӕн ӕххуыс ӕмӕ мадзал сорганизаци кӕныны тыххӕй. Президент зӕрдыл ӕрбалӕууын кодта, июны Хуссар Ирыстоны кӕй ацӕудзысты Уӕрӕсейы культурӕйы бонтӕ.
уӕрӕсейы
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/04/15/38439044_89:0:800:533_1920x0_80_0_0_b1594d9dd75b58da83b7203b54306cb8.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан, культурӕ, уӕрӕсейы
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан, культурӕ, уӕрӕсейы
Гаглойты Алан бакодта Хуссар Иры культурӕйы бонтӕ Уӕрӕсейы
09:28 21.04.2026 (Ранӕуӕггонд: 10:28 21.04.2026) ЦХИНВАЛ, 21 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан хайад райста республикӕйы Культурӕйы бонтӕ Уӕрӕсейы бакӕныны цытджын церемонийы.
РХИ президенты пресс-службӕ фехъусын кодта, йӕ раныхасы паддзахады сӕргълӕууӕг кӕй банысан кодта, Культурӕйы бонтӕ ауадзын кӕй у ахсджиаг символ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕхсӕн ӕнгом бастдзинӕдтӕн. Гаглойты Алан бузныг загъта хъарм райсты тыххӕй ӕмӕ бахахх кодта, республикӕ сӕрыстыр кӕй у бавдисын йӕ культурӕ уӕрӕсейаг аудиторийӕн.
Президент ма банысан кодта, бӕстӕты ӕхсӕн культурон ӕмгуыстад кӕй у системон ӕмӕ дарддӕр рӕзы.
Гаглойты Алан бузныг загъта Уӕрӕсейы Федерацийы культурӕйы министр Ольга Любимовайӕн проектӕн ӕххуыс ӕмӕ мадзал сорганизаци кӕныны тыххӕй. Президент зӕрдыл ӕрбалӕууын кодта, июны Хуссар Ирыстоны кӕй ацӕудзысты Уӕрӕсейы культурӕйы бонтӕ.