https://sputnik-ossetia.com/20260421/rkhi-tkhekvondistt-rambyldtoy-14-maydany-krasnodary-krayy-kuboky-38444268.html
РХИ тхэквондисттæ рамбылдтой 14 майданы Краснодары крайы Кубокы
РХИ тхэквондисттæ рамбылдтой 14 майданы Краснодары крайы Кубокы
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 21 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны спортсментæ рамбылдтой 14 хорзæхы Краснодары крайы Кубокы тхэквондойæ, фехъусын кодта тренер Гуыцмæзты Валерий. 21.04.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-04-21T12:18+0300
2026-04-21T12:18+0300
2026-04-21T12:18+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
спорт
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/04/15/38443664_0:84:1280:804_1920x0_80_0_0_5d99c7c525d913a064c1abf55db153b9.jpg
ЦХИНВАЛ, 21 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны спортсментæ рамбылдтой 14 хорзæхы Краснодары крайы Кубокы тхэквондойæ, фехъусын кодта тренер Гуыцмæзты Валерий.Турнир ацыд 17-19 апрелы. Ерысты хайад истой РХИ хæстон аивæдты клуб "Рухс Сомбоны"-ы хъомылгæнинæгтæ.Ерысты сыгъзæрин майдантæ рамбылдтой Тедеты Амага, Гасситы София, Гæззаты Аслан æмæ Губиты Алана. Кады пьедесталы дыккаг къæпхæнмæ схызтысты Гуыцмæзты Оливия, Къæбысты Арнела, Гæбæраты Виктория æмæ Харебаты Инга.Турниры бронзæ майдантæ та рамбылдтой Джиоты София, Кокойты Милена, Алиса Агаджанян, Битеты София, Дзудцаты София æмæ Джиоты Дина.Командæ стыр бузныг загъта Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министр Юрий Яровицкийæн ерыстæм ацæуынæн сын автотранспорт кæй рахицæн кодта, уый тыххæй.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/04/15/38443664_48:0:1232:888_1920x0_80_0_0_dc68a5db66d5418019cb7abb8b357671.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, спорт
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, спорт
РХИ тхэквондисттæ рамбылдтой 14 майданы Краснодары крайы Кубокы
ЦХИНВАЛ, 21 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны спортсментæ рамбылдтой 14 хорзæхы Краснодары крайы Кубокы тхэквондойæ, фехъусын кодта тренер Гуыцмæзты Валерий.
Турнир ацыд 17-19 апрелы. Ерысты хайад истой РХИ хæстон аивæдты клуб "Рухс Сомбоны"-ы хъомылгæнинæгтæ.
Ерысты сыгъзæрин майдантæ рамбылдтой Тедеты Амага, Гасситы София, Гæззаты Аслан æмæ Губиты Алана. Кады пьедесталы дыккаг къæпхæнмæ схызтысты Гуыцмæзты Оливия, Къæбысты Арнела, Гæбæраты Виктория æмæ Харебаты Инга.
Турниры бронзæ майдантæ та рамбылдтой Джиоты София, Кокойты Милена, Алиса Агаджанян, Битеты София, Дзудцаты София æмæ Джиоты Дина.
Командæ стыр бузныг загъта Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министр Юрий Яровицкийæн ерыстæм ацæуынæн сын автотранспорт кæй рахицæн кодта, уый тыххæй.