https://sputnik-ossetia.com/20260429/tskhinvaly-fndzm-astukkag-skolayy-bakodtoy-khston-kady-muzey-38615051.html
Цхинвалы фæндзæм астæуккаг скъолайы бакодтой хæстон кады музей
Цхинвалы фæндзæм астæуккаг скъолайы бакодтой хæстон кады музей
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 29 апр – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны столицæйы фæндзæм астæуккаг скъолайы æртыццæджы цытджын уавæры бакодтой хæстон кады музей. 29.04.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-04-29T14:37+0300
2026-04-29T14:37+0300
2026-04-29T15:37+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
стыр фыдыбæстон хæст
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/04/11/38384043_0:0:1281:721_1920x0_80_0_0_16192c4e75be258d55a5bdfc65972426.jpg
ЦХИНВАЛ, 29 апр – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны столицæйы фæндзæм астæуккаг скъолайы æртыццæджы цытджын уавæры бакодтой хæстон кады музей.Мадзалмæ бацыдысты президенты администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Тыбылты Алан, Цхинвалы мэр Гæбæраты Алан, Уæрæсейы минæварады 1-аг секретарь Игорь Ратушняк æмæ æхсæнады минæвæрттæ.Скъолайы директор Туаты Мæдинæ раныхас кодта æрæмбырдуæвджыты раз æмæ бахахх кодта, музей кæй иу кæны мах нæ Фыдыбæстæйы хъайтартимæ.Официалон хайы фæстæ мадзал адарддæр ис скъолайы ахуырдзауты ралæудтытæй, уыдон бакастысты æмдзæвгæтæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты тыххæй æмæ акафыдысты "Уæлахизы вальс".Цхинвалы фæндзæм астæуккаг скъолайы хæстон кады музей арæзт æрцыд Уæрæсейы президент Владимир Путины хъæппæрисæй аразгæ программæ "Фæлтæрты мысæн"-ы фæлгæтты.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/04/11/38384043_8:0:1068:795_1920x0_80_0_0_5957483419142e218d6cf26d0e8ec40f.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, стыр фыдыбæстон хæст
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, стыр фыдыбæстон хæст
Цхинвалы фæндзæм астæуккаг скъолайы бакодтой хæстон кады музей
14:37 29.04.2026 (Ранӕуӕггонд: 15:37 29.04.2026) ЦХИНВАЛ, 29 апр – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны столицæйы фæндзæм астæуккаг скъолайы æртыццæджы цытджын уавæры бакодтой хæстон кады музей.
Мадзалмæ бацыдысты президенты администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Тыбылты Алан, Цхинвалы мэр Гæбæраты Алан, Уæрæсейы минæварады 1-аг секретарь Игорь Ратушняк æмæ æхсæнады минæвæрттæ.
Скъолайы директор Туаты Мæдинæ раныхас кодта æрæмбырдуæвджыты раз æмæ бахахх кодта, музей кæй иу кæны мах нæ Фыдыбæстæйы хъайтартимæ.
Официалон хайы фæстæ мадзал адарддæр ис скъолайы ахуырдзауты ралæудтытæй, уыдон бакастысты æмдзæвгæтæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты тыххæй æмæ акафыдысты "Уæлахизы вальс".
Цхинвалы фæндзæм астæуккаг скъолайы хæстон кады музей арæзт æрцыд Уæрæсейы президент Владимир Путины хъæппæрисæй аразгæ программæ "Фæлтæрты мысæн"-ы фæлгæтты.