https://sputnik-ossetia.com/20260506/anuson-arty-khay-arlastoy-khussar-irma-38749412.html
Ӕнусон арты хай ӕрластой Хуссар Ирмӕ
Ӕнусон арты хай ӕрластой Хуссар Ирмӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 6 май – Sputnik, Тедеты Виктория. Ӕппӕтуӕрӕсейаг адӕмон фронты активисттӕ ӕртыццӕджы ӕрластой Ӕнусон арты хай Хуссар Ирыстонмӕ. 06.05.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-05-06T13:12+0300
2026-05-06T13:12+0300
2026-05-06T14:44+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
стыр фыдыбæстон хæст
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/05/06/38740564_0:240:2560:1680_1920x0_80_0_0_571db04c7d129def1e47c984e6f3700d.jpg
ЦХИНВАЛ, 6 май – Sputnik, Тедеты Виктория. Ӕппӕтуӕрӕсейаг адӕмон фронты активисттӕ ӕртыццӕджы ӕрластой Ӕнусон арты хай Хуссар Ирыстонмӕ.Цхинвалы "Ӕнусон арт"-ы мемориалы территорийыл патриотон акци "Мысӕны арт"-ы хайад райстой Уӕрӕсейы минӕварады уынаффӕгӕнӕг-минӕвар Денис Федоров, Россотрудничествойы разамонӕг республикӕйы Сергей Комиссаров, Цхинвалы мэр Гӕбӕраты Алан, районты сӕргълӕуджытӕ, депутаттӕ, скъолаты ахуырдзаутӕ, студнеттӕ ӕмӕ республикӕйы цӕрджытӕ.Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады бархион корпусы ӕфсӕддон уацхӕссӕг Павел Кукушкин, кӕцы ӕрласта ӕфсӕддон намысы символ, бахахх кодта йӕ миссийы ахсджиагдзинад.Денис Федоров та йӕхирдыгӕй бахахх кодта, "Мысӕн арт"-ы акци кӕй цӕуы 10 азы дӕргъы, ӕмӕ та йӕм ацы аз радон хатт ӕрбаиу Хуссар Ирыстон дӕр.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/05/06/38740564_0:0:2560:1920_1920x0_80_0_0_6b6ca128d3c2ef870215d8bf661a8049.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, стыр фыдыбæстон хæст
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, стыр фыдыбæстон хæст
Ӕнусон арты хай ӕрластой Хуссар Ирмӕ
13:12 06.05.2026 (Ранӕуӕггонд: 14:44 06.05.2026) ЦХИНВАЛ, 6 май – Sputnik, Тедеты Виктория. Ӕппӕтуӕрӕсейаг адӕмон фронты активисттӕ ӕртыццӕджы ӕрластой Ӕнусон арты хай Хуссар Ирыстонмӕ.
Цхинвалы "Ӕнусон арт"-ы мемориалы территорийыл патриотон акци "Мысӕны арт"-ы хайад райстой Уӕрӕсейы минӕварады уынаффӕгӕнӕг-минӕвар Денис Федоров, Россотрудничествойы разамонӕг республикӕйы Сергей Комиссаров, Цхинвалы мэр Гӕбӕраты Алан, районты сӕргълӕуджытӕ, депутаттӕ, скъолаты ахуырдзаутӕ, студнеттӕ ӕмӕ республикӕйы цӕрджытӕ.
Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады бархион корпусы ӕфсӕддон уацхӕссӕг Павел Кукушкин, кӕцы ӕрласта ӕфсӕддон намысы символ, бахахх кодта йӕ миссийы ахсджиагдзинад.
"Ацы арт у нӕ фыдӕлты сгуыхтдзинӕдты символ. Ӕз сӕрыстыр дӕн, кӕй йӕ фӕхӕццӕ кодтон Хуссар Ирыстонмӕ, уымӕн ӕмӕ абоны бон бархион корпусы ис бирӕнымӕц хӕстонтӕ Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстонӕй. Уымӕй дарддӕр Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты истори равдыста, ирӕттӕн кӕй ис иуыл фылдӕр Советон Цӕдисы Хъайтартӕ сӕ цӕрджыты нымӕцмӕ гӕсгӕ. Ацы факт у нӕ иудзинады ӕвдисӕн", - загъта Павел Кукушкин.
Денис Федоров та йӕхирдыгӕй бахахх кодта, "Мысӕн арт"-ы акци кӕй цӕуы 10 азы дӕргъы, ӕмӕ та йӕм ацы аз радон хатт ӕрбаиу Хуссар Ирыстон дӕр.