https://sputnik-ossetia.com/20260506/gagloyty-alan-malaty-fasta-skhorzakhdzhyn-kodta-uatsamonga-yy-ordenay-kotsty-anatoliyy-38736357.html
Гаглойты Алан мӕлӕты фӕстӕ схорзӕхджын кодта "Уацамонгӕ"-йы орденӕй Коцты Анатолийы
Гаглойты Алан мӕлӕты фӕстӕ схорзӕхджын кодта "Уацамонгӕ"-йы орденӕй Коцты Анатолийы
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 6 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан фембӕлд Коцты Анатолийы хиуӕттимӕ ӕмӕ радта фӕмардуӕвӕджы ӕмкъай ӕмӕ чызгӕн паддзахадон... 06.05.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-05-06T09:52+0300
2026-05-06T09:52+0300
2026-05-06T09:52+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
гаглойты алан
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/03/04/15779604_0:252:2558:1691_1920x0_80_0_0_3b5fcc5a41fef8ab3dff12aeb5d44605.jpg
ЦХИНВАЛ, 6 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан фембӕлд Коцты Анатолийы хиуӕттимӕ ӕмӕ радта фӕмардуӕвӕджы ӕмкъай ӕмӕ чызгӕн паддзахадон хорзӕх – "Уацамонгӕ"-йы орден, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.Коцты Анатолий службӕ кодта Хуссар Ирыстоны Адӕмон хӕдӕфсады рӕнхъыты Гуырдзыстоны агрессийы рӕстӕджы. Фӕстӕдӕр службӕ кодта республикӕйы Хъахъхъӕнынады министрады. Коцты Анатолий фӕмард 2005 азы Цхинвалы цӕгатварс Тамарашены хъӕуы.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/03/04/15779604_114:0:2558:1833_1920x0_80_0_0_5116601a4bf11cc7e010ce4ae49f8c60.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан
Гаглойты Алан мӕлӕты фӕстӕ схорзӕхджын кодта "Уацамонгӕ"-йы орденӕй Коцты Анатолийы
ЦХИНВАЛ, 6 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан фембӕлд Коцты Анатолийы хиуӕттимӕ ӕмӕ радта фӕмардуӕвӕджы ӕмкъай ӕмӕ чызгӕн паддзахадон хорзӕх – "Уацамонгӕ"-йы орден, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
"Хӕсты хъайтарты мысӕн у нӕ ирд сомбоны фидар бындур. Хъайтартӕ нӕ мӕлынц, цалынмӕ сӕ хъуыды кӕнӕм, уӕдмӕ", - загъта президент.
Коцты Анатолий службӕ кодта Хуссар Ирыстоны Адӕмон хӕдӕфсады рӕнхъыты Гуырдзыстоны агрессийы рӕстӕджы. Фӕстӕдӕр службӕ кодта республикӕйы Хъахъхъӕнынады министрады. Коцты Анатолий фӕмард 2005 азы Цхинвалы цӕгатварс Тамарашены хъӕуы.