https://sputnik-ossetia.com/20260507/khussar-iry-natsionalon-muzeyy-baygom-uydzn-ravdyst-styr-ulakhizy-bonm-38780905.html
Хуссар Иры Националон музейы байгом уыдзæн равдыст Стыр уæлахизы бонмæ
Хуссар Иры Националон музейы байгом уыдзæн равдыст Стыр уæлахизы бонмæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 7 май — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Националон музей Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы 81-æм афæдзыбоны цытæн сорганизаци кæндзæн тематикон... 07.05.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-05-07T13:10+0300
2026-05-07T13:10+0300
2026-05-07T13:10+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
стыр фыдыбæстон хæст
культурӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/04/0d/22565501_0:161:3071:1888_1920x0_80_0_0_e49b028d58cf29fb54d3bad8385ebe80.jpg
ЦХИНВАЛ, 7 май — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Националон музей Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы 81-æм афæдзыбоны цытæн сорганизаци кæндзæн тематикон равдыст æмæ мысæн мадзал.Музейы директор Зассеты Мераб радзырдта Sputnik-æн, уагдон æрвылаз уæлдай хъусдард кæй здахы хъайтарты ном ссарынмæ.Бæрæгбонон датæйы фæлгæтты музейы ацæудзæн мадзал "Они ковали Победу", уырдæм фæхондзысты скъоладзаутæ æмæ студентты. Уымæй дарддæр сорганизаци кæндзысты Уæлахизы боны цытæн равдыст. Уый кусдзæн къуырийы дæргъы, 8 майæ фæстæмæ.Музейон программæйы сæрмагонд бынат ис Стыр Фыдыбæстæйон хæстæн нывонд экспозици.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/04/0d/22565501_170:0:2901:2048_1920x0_80_0_0_dd44fd18a5740f0ac97d2d66b1cbcc42.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, стыр фыдыбæстон хæст, культурӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, стыр фыдыбæстон хæст, культурӕ
Хуссар Иры Националон музейы байгом уыдзæн равдыст Стыр уæлахизы бонмæ
ЦХИНВАЛ, 7 май — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Националон музей Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы 81-æм афæдзыбоны цытæн сорганизаци кæндзæн тематикон равдыст æмæ мысæн мадзал.
Музейы директор Зассеты Мераб радзырдта Sputnik-æн, уагдон æрвылаз уæлдай хъусдард кæй здахы хъайтарты ном ссарынмæ.
"Махæн нæ хæс у дзурын Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджыты тыххæй. Ацы бæрæгбонмæ мах активонæй фæпайда кæнæм нæ историон базæйæ, ацы аз мах бацæттæ кодтам къорд мадзалы", - загъта музейы директор.
Бæрæгбонон датæйы фæлгæтты музейы ацæудзæн мадзал "Они ковали Победу", уырдæм фæхондзысты скъоладзаутæ æмæ студентты. Уымæй дарддæр сорганизаци кæндзысты Уæлахизы боны цытæн равдыст. Уый кусдзæн къуырийы дæргъы, 8 майæ фæстæмæ.
Музейон программæйы сæрмагонд бынат ис Стыр Фыдыбæстæйон хæстæн нывонд экспозици.