https://sputnik-ossetia.com/20260512/dllag-zrmg-y-uadzn-fadtt-ffyldr-uydzysty-dyuu-khatty-38879343.html
"Дæллаг Зæрæмæг"-ы уадзæн фадæттæ фæфылдæр уыдзысты дыууæ хатты
"Дæллаг Зæрæмæг"-ы уадзæн фадæттæ фæфылдæр уыдзысты дыууæ хатты
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 12 май — Sputnik. Уæрæсейы транспорты министрады ацыд Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы фембæлд Уæрæсейы транспорты министр Андрей Никитинимæ... 12.05.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-05-12T12:45+0300
2026-05-12T12:45+0300
2026-05-12T13:01+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
гаглойты алан
экономикӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/05/0c/38877355_0:93:1280:813_1920x0_80_0_0_758e9720a5e419683ab116f7db30e778.jpg
ЦХИНВАЛ, 12 май — Sputnik. Уæрæсейы транспорты министрады ацыд Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы фембæлд Уæрæсейы транспорты министр Андрей Никитинимæ. Фембæлды рæстæджы æркастысты бæстæты æмархайды фарстытæм транспорты къабазы.Фембæлды рæстæджы банысан кодтой "Дæллаг Зæрæмæг"-ы уадзæн фадæттæ фæфылдæр кæныны фæдыл æнтыстджын хатдзæгтæ.Гаглойты Алан бузныг загъта Уæрæсейы транспорты министрад "Дæллаг Зæрæмæг"-ы цы куыстытæ кæны, уый тыххæй.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/05/0c/38877355_37:0:1244:905_1920x0_80_0_0_c1f249bf81f6c3bd13480ca52bfae667.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан, экономикӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан, экономикӕ
"Дæллаг Зæрæмæг"-ы уадзæн фадæттæ фæфылдæр уыдзысты дыууæ хатты
12:45 12.05.2026 (Ранӕуӕггонд: 13:01 12.05.2026) ЦХИНВАЛ, 12 май — Sputnik. Уæрæсейы транспорты министрады ацыд Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы фембæлд Уæрæсейы транспорты министр Андрей Никитинимæ. Фембæлды рæстæджы æркастысты бæстæты æмархайды фарстытæм транспорты къабазы.
"Мах уынæм, куыд ивы транспортон бастдзинад Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн. Сæйраджыдæр, нæ бæстæты æмбæстæгтæ хъуамæ феной, бастдзинад кæй ссис тагъддæр æмæ æнцонвадат", - бахахх кодта Андрей Никитин.
Фембæлды рæстæджы банысан кодтой "Дæллаг Зæрæмæг"-ы уадзæн фадæттæ фæфылдæр кæныны фæдыл æнтыстджын хатдзæгтæ.
Гаглойты Алан бузныг загъта Уæрæсейы транспорты министрад "Дæллаг Зæрæмæг"-ы цы куыстытæ кæны, уый тыххæй.
"Уадзæн пункты модернизаци фæахъаз уыдзæн нæ бæстæты æхсæн туристон æмæ кусæгон бастдзинæдтæ сфидар кæнынæн", - бахахх кодта РХИ сæргълæууæг.