00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
Ирон эфир
08:00
3 Мин
Ирон эфир
08:30
3 Мин
Главные темы
09:00
3 Мин
Главные темы
09:30
3 Мин
Главные темы
12:00
3 Мин
Главные темы
12:30
3 Мин
О главном на Спутнике
12:44
10 Мин
Главные темы
17:00
4 Мин
Главные темы
17:30
4 Мин
О главном на Спутнике
Иоги визита Владимира Путина в Китай
09:05
0 Мин
ЗнонАбон
Эфирмæ
Горӕт Цхинвал106.3
Горӕт Цхинвал106.3
Ленингоры район106.3

Хуссар Иры ссардтой Зары трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

© Sputnik / Виктория ТедееваХуссар Иры ссардтой Зары трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ
Хуссар Иры ссардтой Зары трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.05.2026
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 май – Sputnik, Тедеты Виктория. Хуссар Ирыстоны ӕртыццӕджы ацыдысты Зары трагедийы 34-ӕм афӕдзыбонӕн нывонд фыдохы мадзӕлттӕ.
Зары хъӕуы цурмӕ мемориалмӕ дидинтӕ сӕвӕрынмӕ ӕмӕ фӕмардуӕвджыты рухс нӕмттӕ ссарынмӕ ӕрбацыдысты республикӕйы къухдариуӕгад президент Гаглойты Аланы сӕргълӕудӕй, министрӕдтӕ ӕмӕ уагдӕтты кусджытӕ, ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ, фӕмардуӕвджыты хиуӕттӕ ӕмӕ хуымӕтӕг цӕрджытӕ.
© Sputnik / Виктория ТедееваХуссар Иры ссардтой Зары трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ
34-я годовщина Зарской трагедии - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.05.2026
Хуссар Иры ссардтой Зары трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ
Фыдохы митингы ма хайад райста Цӕгат Ирыстоны парламенты делегаци, афтӕ ма "Стыр Ныхас"-ы минӕвӕрттӕ.
Гаглойты Алан йӕ раныхасы банысан кодта, Зары трагедийӕн ферохгӕнӕн нӕй.
"Ацы хъӕдгом никуы байгас уыдзӕн. Мах ӕрвылаз цӕуӕм ардӕм, цӕмӕй нӕ сӕр ӕркъул кӕнӕм ацы ӕвирхъау трагедийы амӕттӕгты раз ӕмӕ тӕфӕрфӕс ракӕнӕм фӕмардуӕвджыты хиуӕттӕн. Знагӕн куы нӕ бантыст фӕтых уын гарзджын тыхтыл, уӕд йӕ маст ныккалдта сылгоймӕгтӕ, зӕрӕдтӕ ӕмӕ сабитыл", - загъта президент.
Республикæйы ног историйы иууыл уæззаудæр бон ахаста 33 адæймаджы цард, тугӕрхӕм трагедийы 14 адæймаджы та фесты уӕззау цӕфтӕ. Фӕмардуӕвджытӕй иууыл кӕстӕрыл цыд 11 азы, хистӕрыл та — 73.
Трагедийы бынаты 2007 азы бакодтой мемориалон комплекс - Хуыцаумæ дзыназæг сылгоймаджы сурæт, кӕцы йӕ аууон ӕмбӕхсы йӕ хъӕбулы. Уый у 32 азы размæ ӕгъатыр тугкалды диссаджы ирд ӕвдисӕндар.
© Photo : Виктория ТедееваХуссар Иры ссардтой Зары трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ
34-я годовщина Зарской трагедии - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.05.2026
Хуссар Иры ссардтой Зары трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ
Ног хабӕртты лентӕ
0