https://sputnik-ossetia.com/20260603/khussar-ir-ama-roskongress-bafysdzysty-badzyrd-peterburdzhy-forumy-rastadzhy-39325294.html
Хуссар Ир ӕмӕ Росконгресс бафысдзысты бадзырд Петербурджы форумы рӕстӕджы
Хуссар Ир ӕмӕ Росконгресс бафысдзысты бадзырд Петербурджы форумы рӕстӕджы
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 3 июн – Sputnik, Тедеты Виктория. Хуссар Ирыстоны делегаци хайад исы Санкт-Петербурджы ӕхсӕнадӕмон экономикон форумы. Мадзал цӕудзӕн 3-6 июны. 03.06.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-06-03T15:02+0300
2026-06-03T15:02+0300
2026-06-03T15:02+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
экономикӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/06/03/39319716_0:0:3252:1830_1920x0_80_0_0_ff302c13b348c5e6d8dec0baabbcf7e0.jpg
ЦХИНВАЛ, 3 июн – Sputnik, Тедеты Виктория. Хуссар Ирыстоны делегаци хайад исы Санкт-Петербурджы ӕхсӕнадӕмон экономикон форумы. Мадзал цӕудзӕн 3-6 июны.Хуссар Ирыстоны делегацийы сконды сты республикӕйы базарадон минӕвар Уӕрӕсейы Таймураз Гогинов, Аланийы Банчы сӕргълӕууӕг Бекъойты Сослан ӕмӕ Националон экспортон платформӕйы директор Джиоты Елена.Гогиновы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы бонты ацӕудзӕн къорд ахсджиаг мадзалы ӕмӕ фембӕлды.Таймураз Гогинов бафтыдта, зӕгъгӕ, равдыстон архайды лидертӕй иу Росконгрессы Фондимӕ сын ис ӕнгом ӕмгуыстад.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/06/03/39319716_0:0:2732:2048_1920x0_80_0_0_1216aefc7ea2242ff8360d5b226f123a.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, экономикӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, экономикӕ
Хуссар Ир ӕмӕ Росконгресс бафысдзысты бадзырд Петербурджы форумы рӕстӕджы
ЦХИНВАЛ, 3 июн – Sputnik, Тедеты Виктория. Хуссар Ирыстоны делегаци хайад исы Санкт-Петербурджы ӕхсӕнадӕмон экономикон форумы. Мадзал цӕудзӕн 3-6 июны.
Хуссар Ирыстоны делегацийы сконды сты республикӕйы базарадон минӕвар Уӕрӕсейы Таймураз Гогинов, Аланийы Банчы сӕргълӕууӕг Бекъойты Сослан ӕмӕ Националон экспортон платформӕйы директор Джиоты Елена.
Гогиновы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы бонты ацӕудзӕн къорд ахсджиаг мадзалы ӕмӕ фембӕлды.
"Централон цау у бадзырд бафыссын Росконгрессы Фондимӕ, уымӕ мах бирӕ рӕстӕг цӕттӕ кодтам. Уымӕй дарддӕр ацӕудзысты фембӕлдтӕ банкон къабазы минӕвӕрттимӕ, кусӕгон партнертӕ ӕмӕ компанитимӕ", - загъта Гогинов.
Таймураз Гогинов бафтыдта, зӕгъгӕ, равдыстон архайды лидертӕй иу Росконгрессы Фондимӕ сын ис ӕнгом ӕмгуыстад.