https://sputnik-ossetia.com/20260604/khornisgomy-raydydta-fandadzhy-araztady-dykkag-etap-39338474.html
Хъорнисгомы райдыдта фӕндаджы арӕзтады дыккаг этап
Хъорнисгомы райдыдта фӕндаджы арӕзтады дыккаг этап
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 4 июн - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы фидӕн къуыри райдайдзӕн Хъорнисмӕ фӕндаджы арӕзтады дыккаг этап. Уый тыххӕй Sputnik-ӕн... 04.06.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-06-04T10:12+0300
2026-06-04T10:12+0300
2026-06-04T10:12+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
знауыры район
арӕзтад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/0a/08/35479614_0:0:3271:1840_1920x0_80_0_0_5172fb3a332657d3d20f6b0acef6ec3b.jpg
ЦХИНВАЛ, 4 июн - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы фидӕн къуыри райдайдзӕн Хъорнисмӕ фӕндаджы арӕзтады дыккаг этап. Уый тыххӕй Sputnik-ӕн радзырдта районы разамонӕг Гобозты Алан.Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, проекты реализаци райдыдта фарон фӕззӕджы. Уӕд районы цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады кусджытӕ асфальт сӕвӕрдтой Бекхъмарӕй Хъорнисмӕ фӕндаджы 2,4 километрыл.Хъорнисы хъӕу у Знауыры районы егъаудӕр цӕрӕн пункттӕй иу.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/0a/08/35479614_407:0:2860:1840_1920x0_80_0_0_f7a903be095401f7c865c1e21831d061.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, знауыры район, арӕзтад
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, знауыры район, арӕзтад
Хъорнисгомы райдыдта фӕндаджы арӕзтады дыккаг этап
ЦХИНВАЛ, 4 июн - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы фидӕн къуыри райдайдзӕн Хъорнисмӕ фӕндаджы арӕзтады дыккаг этап. Уый тыххӕй Sputnik-ӕн радзырдта районы разамонӕг Гобозты Алан.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, проекты реализаци райдыдта фарон фӕззӕджы. Уӕд районы цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады кусджытӕ асфальт сӕвӕрдтой Бекхъмарӕй Хъорнисмӕ фӕндаджы 2,4 километрыл.
"Бехъмар – Хъорнис – Цъорбис фӕндаджы дӕргъ у фондз километрӕй фылдӕр. Кӕд боныгъӕд хорз уа, уӕд куыстытӕ фӕуыдзысты дыууӕ мӕймӕ", - загъта районы сӕргълӕууӕг.
Хъорнисы хъӕу у Знауыры районы егъаудӕр цӕрӕн пункттӕй иу.