Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 310 украинӕйаг дроны

© Sputnik / Евгений Биятов
/ Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 июн - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 310 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 310 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты Белгороды, Брянскы, Воронежы, Волгограды, Орелы, Псковы, Ростовы, Смоленскы ӕмӕ Тулайы областты, афтӕ ма Мӕскуыйы регионы, Краснодары крайы, Хъырымы ӕмӕ Азовы денджызы акваторийы" - дзырдӕуы хъусинаджы.
