https://sputnik-ossetia.com/20260609/rkhi-tsrg-sylgoymagm-nkhlm-ksy-ugolovon-brndzinad-tobgond-buaradt-vryny-tykhkhy-39430459.html
РХИ цæрæг сылгоймагмæ æнхъæлмæ кæсы уголовон бæрндзинад тобæгонд буарадтæ æвæрыны тыххæй
РХИ цæрæг сылгоймагмæ æнхъæлмæ кæсы уголовон бæрндзинад тобæгонд буарадтæ æвæрыны тыххæй
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 9 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) Криминалон милицийы наркотиктæм хъусдарды фæткдаруаты кусджытæ æрцахстой Цхинвалы... 09.06.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-06-09T13:17+0300
2026-06-09T13:17+0300
2026-06-09T13:17+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
хуссар иры мхм
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/09/0f/35074448_0:49:556:362_1920x0_80_0_0_dff170efbd66e4d05c51bcd1c87d0b08.jpg
ЦХИНВАЛ, 9 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) Криминалон милицийы наркотиктæм хъусдарды фæткдаруаты кусджытæ æрцахстой Цхинвалы районы 31-аздзыд цæрæг сылгоймаджы тобæгонд буарадтæ æвæрыны тыххæй.Хисæрмагонд басгæрсты рæстæджы оперативон кусджытæ ссардтой сылгоймаджы дзыппы æууилгæ тамако "снюс"-ы æхсæз иуæджы æмæ иу капсулæйы тобæгонд буарад.Ныр сылгоймагмæ æнхъæлмæ кæсы уголовон бæрндзинад "Лирика"-йы æнæзакъонон æрзылды тыххæй, уымæн æмæ сылгоймаджы уый размæ æрбаздахтой административон бæрндзинадмæ аналогион фæткхалды тыххæй.Уымæй дарддæр Цхинвалы тæрхондон æрбаздахта сылгоймаджы административон бæрндзинадмæ снюс æвæрыны тыххæй æмæ йын снысан кодта 20 мин сомы бæрц ивар.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/09/0f/35074448_14:0:547:400_1920x0_80_0_0_644f3da048fed3f7dd0f2bdf3f89b71d.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры мхм
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры мхм
РХИ цæрæг сылгоймагмæ æнхъæлмæ кæсы уголовон бæрндзинад тобæгонд буарадтæ æвæрыны тыххæй
ЦХИНВАЛ, 9 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) Криминалон милицийы наркотиктæм хъусдарды фæткдаруаты кусджытæ æрцахстой Цхинвалы районы 31-аздзыд цæрæг сылгоймаджы тобæгонд буарадтæ æвæрыны тыххæй.
Хисæрмагонд басгæрсты рæстæджы оперативон кусджытæ ссардтой сылгоймаджы дзыппы æууилгæ тамако "снюс"-ы æхсæз иуæджы æмæ иу капсулæйы тобæгонд буарад.
"Экспертизæйы фæстиуджытæм гæсгæ капсулæйы уыд медицинон буарад "Лирика" - банысан кодтой министрады.
Ныр сылгоймагмæ æнхъæлмæ кæсы уголовон бæрндзинад "Лирика"-йы æнæзакъонон æрзылды тыххæй, уымæн æмæ сылгоймаджы уый размæ æрбаздахтой административон бæрндзинадмæ аналогион фæткхалды тыххæй.
Уымæй дарддæр Цхинвалы тæрхондон æрбаздахта сылгоймаджы административон бæрндзинадмæ снюс æвæрыны тыххæй æмæ йын снысан кодта 20 мин сомы бæрц ивар.