Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 172 украинӕйаг дроны

© Sputnik / Евгений Биятов
/ Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 июн - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 172 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 172 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты Астраханы, Белгороды, Брянскы, Воронежы, Волгограды, Орелы, Псковы, Владимиры, Смоленскы ӕмӕ Тулайы областты, афтӕ ма Мӕскуыйы регионы, Краснодары крайы, Хъырымы æмæ Сау денджызы акваторийы" - дзырдӕуы хъусинаджы.
