Хуссар Ирыстоны æртæ министрадæн сфидар кодтой сæргълæуджыты
13:40 30.06.2026 (Ранӕуӕггонд: 19:13 30.06.2026)

© Sputnik / Аслан Тедеев
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 июн — Sputnik. Республикæйы президенты хæстæ æххæстгæнæг Хъамболты Марат йæ telegram-каналы радзырдта, йæ командæ куыд æмбырд кæны, уый тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, сæйраджыдæр йе `ргом здахы бынæттон кадртæм.
"Абон лæмбынæг кæсын, разамынддæттæг оргæнты, алыхуызон уагдæтты æмæ куыстуæтты чи кусы, уыдонмæ. Куыстхъом адæмæн хъуамæ уа фадæттæ. Республикæйы раздæры разамындимæ кæй куыста, уый тыххæй йæ бынатæй никæй сисдзынæн. Мæ командæйы уыдзысты хицæн периодты æмæ хицæн командæты кусæг адæймæгтæ. Кæд адæймаг республикæйæн пайда хæссы æмæ йæ архайд зыны, уæд баззайдзæн йæ куысты бынаты. Кæд нæ – ацæудзæн, йæ мыггаг, йæ бынат æмæ йæ раздæры æнтыстытæм æнæ кæсгæйæ", — бамбарын кодта президенты хæстæ æххæстгæнæг.