https://sputnik-ossetia.com/20260702/zhenevyag-diskussity-nog-raund-atsudzn-noyabry-39855788.html
Женевæйаг дискусситы ног раунд ацæудзæн ноябры
Женевæйаг дискусситы ног раунд ацæудзæн ноябры
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 2 июль – Sputnik. Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женевæйаг дискусситы ног раунд снысан кодтой 2026 азы ноябрмæ. 02.07.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-07-02T13:00+0300
2026-07-02T13:00+0300
2026-07-02T13:22+0300
хуссар ирыстоны
абхаз
уӕрӕсейы
политикӕ
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/09/12/30428032_0:120:1280:840_1920x0_80_0_0_a2ec5c345bab468f992bc3b9e78aa96e.jpg
ЦХИНВАЛ, 2 июль – Sputnik. Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женевæйаг дискусситы ног раунд снысан кодтой 2026 азы ноябрмæ.Дыццæг æмæ æртыццæджы Уæрæсе, Хуссар Ирыстон, Абхаз, Гуырдзыстон æмæ Америкæйы Иугонд Штатты минæвæрттæ фембæлдысты 67 хатт. Цы фарстытыл ныхас кодтой, уыдоны `хсæн уыдысты паддзахадон арæны уавæр æмæ æбæрæгæй фесæфджыты агуырыны хъуыддаг. Хуссар Ирыстон æрсидт Гуырдзыстонмæ, цæмæй ма къуылымпы кæна, сæ территорийыл чи фесæфт, уыцы хуссарирыстойнаг æмбæстæгты агурыны хъуыддаг, æмæ сараза бæлвырд къахдзæфтæ.Уымæй уæлдай Хуссар Ирыстон, Абхаз æмæ Уæрæсейы минæвæрттæ фехъусын кодтой, разы кæй не сты, Гуырдзыстон НАТО-имæ йæ ахастытæ кæй фидар кæны, уымæй. Сæ ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстоны территорийыл альянсы æфсæддон ахуыртæ кæй цæуы, уый æвзæрырдæм ахады регионы æдасдзинадыл.
абхаз
уӕрӕсейы
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/09/12/30428032_0:0:1280:960_1920x0_80_0_0_1dea29b4a01e382e19f59f7caa43e13d.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, абхаз, уӕрӕсейы, политикӕ, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, абхаз, уӕрӕсейы, политикӕ, ног хабӕрттӕ
Женевæйаг дискусситы ног раунд ацæудзæн ноябры
13:00 02.07.2026 (Ранӕуӕггонд: 13:22 02.07.2026) ЦХИНВАЛ, 2 июль – Sputnik. Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женевæйаг дискусситы ног раунд снысан кодтой 2026 азы ноябрмæ.
Дыццæг æмæ æртыццæджы Уæрæсе, Хуссар Ирыстон, Абхаз, Гуырдзыстон æмæ Америкæйы Иугонд Штатты минæвæрттæ фембæлдысты 67 хатт. Цы фарстытыл ныхас кодтой, уыдоны `хсæн уыдысты паддзахадон арæны уавæр æмæ æбæрæгæй фесæфджыты агуырыны хъуыддаг. Хуссар Ирыстон æрсидт Гуырдзыстонмæ, цæмæй ма къуылымпы кæна, сæ территорийыл чи фесæфт, уыцы хуссарирыстойнаг æмбæстæгты агурыны хъуыддаг, æмæ сараза бæлвырд къахдзæфтæ.
Уымæй уæлдай Хуссар Ирыстон, Абхаз æмæ Уæрæсейы минæвæрттæ фехъусын кодтой, разы кæй не сты, Гуырдзыстон НАТО-имæ йæ ахастытæ кæй фидар кæны, уымæй. Сæ ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстоны территорийыл альянсы æфсæддон ахуыртæ кæй цæуы, уый æвзæрырдæм ахады регионы æдасдзинадыл.