https://sputnik-ossetia.com/20260709/khussar-iry-azy-raydayny-rtsakhstoy-184-arnkhaldzhy-39974900.html
Хуссар Иры азы райдайæнæй æрцахстой 184 арæнхалæджы
Хуссар Иры азы райдайæнæй æрцахстой 184 арæнхалæджы
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 9 июл – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитеты (ПÆК) Арæнхъахъхъæнæн службæ 2026 азы райдайæнæй æрцахста 184 арæнхалæджы, фехъусын... 09.07.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-07-09T12:26+0300
2026-07-09T12:26+0300
2026-07-09T12:26+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
паддзахадон æдасдзинады комитет
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/1044/18/10441873_0:156:3071:1883_1920x0_80_0_0_7c7f869219bdb4fc2707f667138e90f0.jpg
ЦХИНВАЛ, 9 июл – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитеты (ПÆК) Арæнхъахъхъæнæн службæ 2026 азы райдайæнæй æрцахста 184 арæнхалæджы, фехъусын кодтой комитеты пресс-службæйы.Паддзахадон арæны режим фехалыны тыххæй æрцахстой 54 адæймаджы, арæнгæрон режим фехалыны тыххæй та – 129. Ноджы ма иу адæймаджы æрцахстой арæнхъахъхъæнæн органты кусджыты закъонон домæнтæ нæ сæххæст кæныны тыххæй.ПÆК Арæнхъахъхъæнæн службæ алкæцы цауы фæдыл дæр ауагъта равзæрсттæ. Сæ фæстиуæгæн 99 адæймаджы фæдыл сарæзтой профилактикон мадзæлттæ, 63 арæнхалæджы фæдыл рахастой административон ивартæ, ноджы ма фараст адæймаджы та феддæдуар кодтой Хуссар Ирыстоны территорийæ. Цыппар адæймаджы фæдыл бакодтой уголовон хъуыддæгтæ, авд арæнхалæджы фæдыл та нырма цæуы фæдысгæрст.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/1044/18/10441873_340:0:3071:2048_1920x0_80_0_0_644008d5132b74d259e0ab5fc9bbf42e.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, паддзахадон æдасдзинады комитет
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, паддзахадон æдасдзинады комитет
Хуссар Иры азы райдайæнæй æрцахстой 184 арæнхалæджы
ЦХИНВАЛ, 9 июл – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитеты (ПÆК) Арæнхъахъхъæнæн службæ 2026 азы райдайæнæй æрцахста 184 арæнхалæджы, фехъусын кодтой комитеты пресс-службæйы.
Паддзахадон арæны режим фехалыны тыххæй æрцахстой 54 адæймаджы, арæнгæрон режим фехалыны тыххæй та – 129. Ноджы ма иу адæймаджы æрцахстой арæнхъахъхъæнæн органты кусджыты закъонон домæнтæ нæ сæххæст кæныны тыххæй.
ПÆК Арæнхъахъхъæнæн службæ алкæцы цауы фæдыл дæр ауагъта равзæрсттæ. Сæ фæстиуæгæн 99 адæймаджы фæдыл сарæзтой профилактикон мадзæлттæ, 63 арæнхалæджы фæдыл рахастой административон ивартæ, ноджы ма фараст адæймаджы та феддæдуар кодтой Хуссар Ирыстоны территорийæ. Цыппар адæймаджы фæдыл бакодтой уголовон хъуыддæгтæ, авд арæнхалæджы фæдыл та нырма цæуы фæдысгæрст.