Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 342 украинӕйаг дроны

© Sputnik / Сергей Мирный
/ Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 июл - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 342 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 342 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты Астраханы, Белгороды, Брянскы, Воронежы, Волгограды, Орелы, Псковы, Смоленскы, Ростовы ӕмӕ Тулайы областты, афтӕ ма Мӕскуыйы регионы, Краснодары крайы, Хъырымы, Адыгейы æмæ Сау денджызы акваторийы" - дзырдӕуы хъусинаджы.
