https://sputnik-ossetia.com/20260714/khambolty-marat-fembald-uaraseyy-tekhnologon-universitety-rektorima-40060051.html
Хъамболты Марат фембӕлд Уӕрӕсейы технологон университеты ректоримӕ
Хъамболты Марат фембӕлд Уӕрӕсейы технологон университеты ректоримӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 14 июл – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президенты хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Хъамболты Марат ауагъта кусӕгон фембӕлд Уӕрӕсейы технологон университеты ректор... 14.07.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-07-14T16:09+0300
2026-07-14T16:09+0300
2026-07-14T16:09+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
президент
ахуырад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/07/1b/34343063_0:197:2941:1851_1920x0_80_0_0_996b25b5ede07992dd74c2fc0f7141e4.jpg
ЦХИНВАЛ, 14 июл – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президенты хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Хъамболты Марат ауагъта кусӕгон фембӕлд Уӕрӕсейы технологон университеты ректор Станислав Куджимӕ. Фембӕлды рӕстӕджы фарсытӕ ӕрдзырдтой республикӕйӕн бӕрзонд квалификациимӕ специалистты цӕттӕкӕнынадыл, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.Баныхасы сӕйраг темӕ уыд дыууӕварсыг ӕмгуыстады перспективӕтӕ зонад, ахуырад ӕмӕ технологиты къабазы.Фембӕлды рӕстӕджы баныхас кодтой иумӕйаг ахуырадон программӕты арӕзтадыл, афтӕ ма хуссарирыстойнаг студенттӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕн стажировкӕты организацийыл.РХИ президенты хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг бафтыдта, зӕгъгӕ, Хуссар Ирыстоны ныртӕккӕ хъӕуынц инженертӕ, IT-технологитӕ, киберӕдасдзинад ӕмӕ цифровизацийы къабазы спциалисттӕ, уымӕн ӕмӕ уыдон хӕсдзысты егъау хайбавӕрд республикӕйы экономикон рӕзтмӕ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/07/1b/34343063_106:0:2837:2048_1920x0_80_0_0_9993538d2b98feed5f580575c48aabb6.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, президент, ахуырад
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, президент, ахуырад
Хъамболты Марат фембӕлд Уӕрӕсейы технологон университеты ректоримӕ
ЦХИНВАЛ, 14 июл – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президенты хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Хъамболты Марат ауагъта кусӕгон фембӕлд Уӕрӕсейы технологон университеты ректор Станислав Куджимӕ. Фембӕлды рӕстӕджы фарсытӕ ӕрдзырдтой республикӕйӕн бӕрзонд квалификациимӕ специалистты цӕттӕкӕнынадыл, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
Баныхасы сӕйраг темӕ уыд дыууӕварсыг ӕмгуыстады перспективӕтӕ зонад, ахуырад ӕмӕ технологиты къабазы.
Фембӕлды рӕстӕджы баныхас кодтой иумӕйаг ахуырадон программӕты арӕзтадыл, афтӕ ма хуссарирыстойнаг студенттӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕн стажировкӕты организацийыл.
"Махӕн ахсджиаг у, цӕмӕй дзы уа практикон куыст, кӕцы ратдзӕн ӕцӕг фӕстиуджытӕ", - загъта Хъамболты Марат.
РХИ президенты хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг бафтыдта, зӕгъгӕ, Хуссар Ирыстоны ныртӕккӕ хъӕуынц инженертӕ, IT-технологитӕ, киберӕдасдзинад ӕмӕ цифровизацийы къабазы спциалисттӕ, уымӕн ӕмӕ уыдон хӕсдзысты егъау хайбавӕрд республикӕйы экономикон рӕзтмӕ.