https://sputnik-ossetia.com/20260717/khussar-iry-fastag-kharzbon-zagtoy-adamon-artistka-gugkaty-evelinayan-40118911.html
Хуссар Иры фӕстаг хӕрзбон загътой Адӕмон артисткӕ Гугкаты Эвелинайӕн
Хуссар Иры фӕстаг хӕрзбон загътой Адӕмон артисткӕ Гугкаты Эвелинайӕн
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 17 июл — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Цхинвалы Хетӕгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры фӕстаг хӕрзбон загътой Хуссар Ирыстоны адӕмон артисткӕ... 17.07.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-07-17T15:45+0300
2026-07-17T15:45+0300
2026-07-17T15:45+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
культурӕ
аивад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/838/59/8385901_0:277:3071:2004_1920x0_80_0_0_570f7b24a5b4d6a394931f22737c6af6.jpg
ЦХИНВАЛ, 17 июл — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Цхинвалы Хетӕгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры фӕстаг хӕрзбон загътой Хуссар Ирыстоны адӕмон артисткӕ Гугкаты Эвелинайӕн.Номдзыд артисткӕйӕн фӕстаг хӕрзбон зӕгъынмӕ ӕрбацыд республикӕйы президенты хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Хъамболты Марат, Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгады минӕвӕрттӕ, Гугкаты Эвелинайы хиуӕттӕ, хӕлӕрттӕ, ахуыргӕнинӕгтӕ.Хуссар Ирыстоны культурӕйы министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг йӕ раныхасы бахахх кодта, Гугкаты Эвелина кӕй уыд ӕрмӕст номдзыд актрисӕ нӕ, фӕлӕ ма адӕймагдзинад ӕмӕ стыр зонды дӕнцӕг.Граждайнаг панихидӕйы фӕстӕ Гугкаты Эвелинайы афӕндараст кодтой къухӕмдзӕгъдӕй.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/838/59/8385901_131:0:2862:2048_1920x0_80_0_0_588a5cc520ee9f22a261654b1dc39352.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, культурӕ, аивад
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, культурӕ, аивад
Хуссар Иры фӕстаг хӕрзбон загътой Адӕмон артисткӕ Гугкаты Эвелинайӕн
ЦХИНВАЛ, 17 июл — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Цхинвалы Хетӕгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры фӕстаг хӕрзбон загътой Хуссар Ирыстоны адӕмон артисткӕ Гугкаты Эвелинайӕн.
Номдзыд артисткӕйӕн фӕстаг хӕрзбон зӕгъынмӕ ӕрбацыд республикӕйы президенты хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Хъамболты Марат, Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгады минӕвӕрттӕ, Гугкаты Эвелинайы хиуӕттӕ, хӕлӕрттӕ, ахуыргӕнинӕгтӕ.
Хуссар Ирыстоны культурӕйы министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг йӕ раныхасы бахахх кодта, Гугкаты Эвелина кӕй уыд ӕрмӕст номдзыд актрисӕ нӕ, фӕлӕ ма адӕймагдзинад ӕмӕ стыр зонды дӕнцӕг.
Граждайнаг панихидӕйы фӕстӕ Гугкаты Эвелинайы афӕндараст кодтой къухӕмдзӕгъдӕй.