Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 223 украинӕйаг дроны

© Sputnik / Станислав Красильников
/ Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 23 июл — Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 223 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 223 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты Белгороды, Брянскы, Воронежы, Смоленскы, Ростовы ӕмӕ Самарайы областты, афтӕ ма Мӕскуыйы регионы, Татарстаны, Краснодары крайы, Хъырымы æмæ Азовы денджызы акваторийы" - дзырдӕуы хъусинаджы.
