Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 295 украинӕйаг дроны

© Sputnik / Станислав Красильников
/ Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 июл — Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 295 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 295 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты Белгороды, Брянскы, Воронежы, Смоленскы, Новгороды, Рязаны, Псковы ӕмӕ Самарайы областты, афтӕ ма Мӕскуыйы регионы, Хъырымы, Татарстаны æмæ Сау ӕмӕ Азовы денджызты акваториты" - дзырдӕуы хъусинаджы.
