https://sputnik-ossetia.com/20260731/khussar-ir-ama-sankt-peterburg-bafystoy-amguystady-fadyl-badzyrd-40319029.html
Хуссар Ир ӕмӕ Санкт-Петербург бафыстой ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд
Хуссар Ир ӕмӕ Санкт-Петербург бафыстой ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 31 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президенты хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Хъамболты Марат ӕмӕ Санкт-Петербурджы губернатор Александр Беглов бафыстой стратегион... 31.07.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-07-31T09:19+0300
2026-07-31T09:19+0300
2026-07-31T09:19+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
президент
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/07/1e/40316057_0:67:1280:787_1920x0_80_0_0_1d289f4fd72011c754599e1efaedcbe2.jpg
ЦХИНВАЛ, 31 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президенты хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Хъамболты Марат ӕмӕ Санкт-Петербурджы губернатор Александр Беглов бафыстой стратегион ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд, фехъусын кодта республикӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.Хъамболты Марат бахахх кодта, Хуссар Ирыстоны уӕлдай кӕй цымыдис кӕны Петербурджы фӕлтӕрддзинад горӕты инфраструктурӕ, паддзахадон куъхдариуӕгад ӕмӕ социалон къабазы райрӕзты.Гуманитарон блокы фӕлгӕтты фарсытӕ ӕрдзырдтой ахуырадон бастдзинӕдтӕ рауӕрӕх кӕныныл дӕр.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/07/1e/40316057_71:0:1210:854_1920x0_80_0_0_e24d04f89142c67d6152ece535940738.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, президент
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, президент
Хуссар Ир ӕмӕ Санкт-Петербург бафыстой ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд
ЦХИНВАЛ, 31 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президенты хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Хъамболты Марат ӕмӕ Санкт-Петербурджы губернатор Александр Беглов бафыстой стратегион ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд, фехъусын кодта республикӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
"Петербург ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕхсӕн ис хӕларадон ахастытӕ. Нӕ президент нын цы курс снысан кодта, уымӕ гӕсгӕ мах фылдӕр кӕндзыстӕм контакттӕ. Мах раттам республикӕйӕн нырыккон автобустӕ транспортон системӕйы райрӕзтӕн, ӕввахс рӕстӕджы та арвитдзыстӕм цифрон рентгены аппарат", - банысан кодта Александр Беглов.
Хъамболты Марат бахахх кодта, Хуссар Ирыстоны уӕлдай кӕй цымыдис кӕны Петербурджы фӕлтӕрддзинад горӕты инфраструктурӕ, паддзахадон куъхдариуӕгад ӕмӕ социалон къабазы райрӕзты.
Гуманитарон блокы фӕлгӕтты фарсытӕ ӕрдзырдтой ахуырадон бастдзинӕдтӕ рауӕрӕх кӕныныл дӕр.