https://sputnik-ossetia.com/20260731/uaraseyy-energetikayy-ministrad-irtasy-khussar-iry-energetikon-kabazy-uavar-40320154.html
Уӕрӕсейы энергетикӕйы министрад иртасы Хуссар Иры энергетикон къабазы уавӕр
Уӕрӕсейы энергетикӕйы министрад иртасы Хуссар Иры энергетикон къабазы уавӕр
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 31 июл – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Уӕрӕсейы энергетикӕйы министрад иртасы Хуссар Ирыстоны энергетикон системӕйы уавӕр. 31.07.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-07-31T10:08+0300
2026-07-31T10:08+0300
2026-07-31T10:08+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/06/06/33636205_0:0:3071:1728_1920x0_80_0_0_90c8db2e14669004b350406dbc085c76.jpg
ЦХИНВАЛ, 31 июл – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Уӕрӕсейы энергетикӕйы министрад иртасы Хуссар Ирыстоны энергетикон системӕйы уавӕр.Республикӕмӕ ацы къуыри ӕрцыд уӕрӕсейаг уагдоны делегаци сӕрмагонд проектты реализацийы Департаменты директор Константин Михайленкойы сӕргълӕудӕй.Цыппӕрӕмы уӕрӕсейаг делегаци ӕмӕ Хуссар Ирыстоны сӕудӕджерад, транспорт ӕмӕ энергетикӕйы комитеты сӕргълӕууӕг Къӕбысты Ацӕмӕз бабӕрӕг кодтой Зонкъары донвӕрӕн, цӕмӕй йын сбӕлвырд кӕной йӕ уавӕр. Ацы объектыл гӕнӕн ис саразой чысыл гуырахсты гидроэлектростанц.Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны энергетикты сӕйраг хӕс у сифтонг кӕнын республикӕйы энергосистемӕйы ӕнӕкъуылымпы куыст.Къӕбысты Ацӕмӕз та банысан кодта, Зонкъары донвӕрӕны мини-ГЭС саразыны проект кӕй ис 2014 азӕй фӕстӕмӕ."Мах сарӕзтам бизнес-пълан ӕмӕ йӕ равдыстам уӕрӕсейаг фарсӕн. Ныртӕккӕ проект иртасынц уӕрӕсейаг специалисттӕ ӕмӕ стӕй зӕгъдзысты сӕ хъуыды йӕ фидӕны тыххӕй", - фехъусын кодта комитеты сӕрдар.Энергетикӕйы райрӕзты фарст уыд Хъамболты Марат ӕмӕ Уӕрӕсейы президент Владимир Путины фембӕлды сӕйраг темӕтӕй иу.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/06/06/33636205_227:0:2958:2048_1920x0_80_0_0_6e59ea14dcb220cf42bd2c7381296f1f.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
ЦХИНВАЛ, 31 июл – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Уӕрӕсейы энергетикӕйы министрад иртасы Хуссар Ирыстоны энергетикон системӕйы уавӕр.
Республикӕмӕ ацы къуыри ӕрцыд уӕрӕсейаг уагдоны делегаци сӕрмагонд проектты реализацийы Департаменты директор Константин Михайленкойы сӕргълӕудӕй.
Цыппӕрӕмы уӕрӕсейаг делегаци ӕмӕ Хуссар Ирыстоны сӕудӕджерад, транспорт ӕмӕ энергетикӕйы комитеты сӕргълӕууӕг Къӕбысты Ацӕмӕз бабӕрӕг кодтой Зонкъары донвӕрӕн, цӕмӕй йын сбӕлвырд кӕной йӕ уавӕр. Ацы объектыл гӕнӕн ис саразой чысыл гуырахсты гидроэлектростанц.
"Зонкъары донвӕрӕнӕн, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ис потенциал. Йӕ уавӕрӕн ын куы саргъ кӕнӕм, уӕд сараздзыстӕм фӕндагон картӕ фыццаджы хатдзӕгтимӕ", - загъта Константин Михайленко.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны энергетикты сӕйраг хӕс у сифтонг кӕнын республикӕйы энергосистемӕйы ӕнӕкъуылымпы куыст.
Къӕбысты Ацӕмӕз та банысан кодта, Зонкъары донвӕрӕны мини-ГЭС саразыны проект кӕй ис 2014 азӕй фӕстӕмӕ.
"Мах сарӕзтам бизнес-пълан ӕмӕ йӕ равдыстам уӕрӕсейаг фарсӕн. Ныртӕккӕ проект иртасынц уӕрӕсейаг специалисттӕ ӕмӕ стӕй зӕгъдзысты сӕ хъуыды йӕ фидӕны тыххӕй", - фехъусын кодта комитеты сӕрдар.
Энергетикӕйы райрӕзты фарст уыд Хъамболты Марат ӕмӕ Уӕрӕсейы президент Владимир Путины фембӕлды сӕйраг темӕтӕй иу.