https://sputnik-ossetia.com/20260806/tskhinvaly-savardtoy-sao-yy-khayadisag-gabaraty-vadimy-nomaran-memorialon-faynag-40399461.html
Цхинвалы сӕвӕрдтой СӔО-йы хайадисӕг Гӕбӕраты Вадимы номарӕн мемориалон фӕйнӕг
Цхинвалы сӕвӕрдтой СӔО-йы хайадисӕг Гӕбӕраты Вадимы номарӕн мемориалон фӕйнӕг
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 6 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы бакодтой сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы (СӔО) зонӕйы фӕмардуӕвӕг хӕстон Гӕбӕраты Вадимы номарӕн фӕйнӕг. Уый... 06.08.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-08-06T09:37+0300
2026-08-06T09:37+0300
2026-08-06T09:38+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/08/05/40396571_0:27:1024:603_1920x0_80_0_0_4a31b54449879656f6d1430b0c53fee4.jpg
ЦХИНВАЛ, 6 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы бакодтой сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы (СӔО) зонӕйы фӕмардуӕвӕг хӕстон Гӕбӕраты Вадимы номарӕн фӕйнӕг. Уый тыххӕй фехъусын кодта республикӕйы Хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕ.Номарӕн фӕйнӕг сӕвӕрдтой хъайтар цы хӕдзары цард, уый фасадыл.Церемонийы хайад райстой республикӕйы Хъахъхъӕнынады министрады къухдариуӕгад инӕлар-лейтенант Юрий Яровицкийы сӕргълӕудӕй, хицауады минӕвӕрттӕ, ӕфсӕддонтӕ ӕмӕ хъайтары хиуӕттӕ.Гӕбӕраты Вадим 2018 азӕй фӕстӕмӕ службӕ кодта Уӕрӕсейы Гарзджын тыхты ӕмӕ сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй фӕстӕмӕ ӕххӕст кодта хӕстон хӕслӕвӕрдтӕ фронты. 2023 азы майы Вадим фӕцӕф ис ӕмӕ йӕ рарвыстой хӕдзармӕ, фӕлӕ уӕддӕр аскъуыддзаг кодта дарддӕр хъахъхъӕнын Фыдыбӕстӕ ӕмӕ ӕрыздӕхт фронтмӕ бархионӕй батальон "Алания"-мӕ.Хъӕбатыр хӕстон фӕмард 2025 азы 28 октябры хӕстон хӕстӕ ӕххӕст кӕныны рӕстӕджы Запорожаг областы.Хъайтардзинад равдисыны тыххӕй Гӕбӕраты Вадим хорзӕхджын ӕрцыд Хъӕбатырдзинады орденӕй.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/08/05/40396571_59:0:900:631_1920x0_80_0_0_a15114fc0d55d7fd3e3cb474730f1e5e.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
Цхинвалы сӕвӕрдтой СӔО-йы хайадисӕг Гӕбӕраты Вадимы номарӕн мемориалон фӕйнӕг
09:37 06.08.2026 (Ранӕуӕггонд: 09:38 06.08.2026) ЦХИНВАЛ, 6 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы бакодтой сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы (СӔО) зонӕйы фӕмардуӕвӕг хӕстон Гӕбӕраты Вадимы номарӕн фӕйнӕг. Уый тыххӕй фехъусын кодта республикӕйы Хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕ.
Номарӕн фӕйнӕг сӕвӕрдтой хъайтар цы хӕдзары цард, уый фасадыл.
Церемонийы хайад райстой республикӕйы Хъахъхъӕнынады министрады къухдариуӕгад инӕлар-лейтенант Юрий Яровицкийы сӕргълӕудӕй, хицауады минӕвӕрттӕ, ӕфсӕддонтӕ ӕмӕ хъайтары хиуӕттӕ.
Гӕбӕраты Вадим 2018 азӕй фӕстӕмӕ службӕ кодта Уӕрӕсейы Гарзджын тыхты ӕмӕ сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй фӕстӕмӕ ӕххӕст кодта хӕстон хӕслӕвӕрдтӕ фронты. 2023 азы майы Вадим фӕцӕф ис ӕмӕ йӕ рарвыстой хӕдзармӕ, фӕлӕ уӕддӕр аскъуыддзаг кодта дарддӕр хъахъхъӕнын Фыдыбӕстӕ ӕмӕ ӕрыздӕхт фронтмӕ бархионӕй батальон "Алания"-мӕ.
Хъӕбатыр хӕстон фӕмард 2025 азы 28 октябры хӕстон хӕстӕ ӕххӕст кӕныны рӕстӕджы Запорожаг областы.
Хъайтардзинад равдисыны тыххӕй Гӕбӕраты Вадим хорзӕхджын ӕрцыд Хъӕбатырдзинады орденӕй.