Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 605 украинӕйаг дроны

© Sputnik / Сергей Мирный
/ Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 авг - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 605 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 605 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты Белгороды, Брянскы, Рязаны, Владимиры, Орелы, Смоленскы, Воронежы, Волгограды, Ростовы ӕмӕ Тулайы областты, афтӕ ма Мӕскуыйы регионы, Хъырымы, Татарстаны, Краснодары крайы æмæ Сау ӕмӕ Азовы денджызты акваториты" - дзырдӕуы хъусинаджы.
