https://sputnik-ossetia.com/20260813/tbety-khuy-tsrdzhyt-kurynts-sarazyn-asin-tuldzy-kokhy-tskhinvalm-40516765.html
Тъбеты хъæуы цæрджытæ курынц саразын асин Тулдзы къохæй Цхинвалмæ
Тъбеты хъæуы цæрджытæ курынц саразын асин Тулдзы къохæй Цхинвалмæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 13 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны горæтгæрон хъæу Тъбеты цæрджытæ курынц саразын асин Тулдзы къохы уылты, цæмæй фæкъаддæр уа фистæг фæндаг Цхинвалмæ... 13.08.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-08-13T12:02+0300
2026-08-13T12:02+0300
2026-08-13T12:02+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
арӕзтад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/08/0c/40508828_0:100:1280:820_1920x0_80_0_0_b3d6ff7857f8ccce9cb25611a81dd6e5.jpg
ЦХИНВАЛ, 13 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны горæтгæрон хъæу Тъбеты цæрджытæ курынц саразын асин Тулдзы къохы уылты, цæмæй фæкъаддæр уа фистæг фæндаг Цхинвалмæ. Сæ хъæппæрис хъæуы цæрджытæ коллективон куырдиаты хуызы бадæттой Цхинвалы районы депутат Зæгъойты Аликмæ.Хуссар Ирыстоны арæзтады министрады развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ, асин æмæ тротуарты арæзтад 700 метры дæргъæн слæудзæн 17 милуан сомы.Цхинвал æмæ Тъбеты хъæуы æхсæн фистæг ахизæны арæзтады руаджы маршрут уыдзæн цыбырдæр æмæ æдасдæр куыд хъæуы цæрджытæн, афтæ горæттæгтæндæр, фехъусын кодта Sputnik-æн хъæуы администрацийы сæргълæууæг Кокойты Зæлинæ.Зæгъойты Алик бахахх кодта, зæгъгæ, хъæуы цæрджыты коллективон куырдит уый бадæтта РХИ президенты хæстæ æххæстгæнæг Хъамболты Маратмæ.Йæ ныхæстæм гæсгæ, проект реализаци æрцæудзæн фидæн аз.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/08/0c/40508828_28:0:1253:919_1920x0_80_0_0_743d78cefb1a34def4ed3bbbdc4f6761.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, арӕзтад
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, арӕзтад
Тъбеты хъæуы цæрджытæ курынц саразын асин Тулдзы къохæй Цхинвалмæ
ЦХИНВАЛ, 13 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны горæтгæрон хъæу Тъбеты цæрджытæ курынц саразын асин Тулдзы къохы уылты, цæмæй фæкъаддæр уа фистæг фæндаг Цхинвалмæ. Сæ хъæппæрис хъæуы цæрджытæ коллективон куырдиаты хуызы бадæттой Цхинвалы районы депутат Зæгъойты Аликмæ.
Хуссар Ирыстоны арæзтады министрады развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ, асин æмæ тротуарты арæзтад 700 метры дæргъæн слæудзæн 17 милуан сомы.
Цхинвал æмæ Тъбеты хъæуы æхсæн фистæг ахизæны арæзтады руаджы маршрут уыдзæн цыбырдæр æмæ æдасдæр куыд хъæуы цæрджытæн, афтæ горæттæгтæндæр, фехъусын кодта Sputnik-æн хъæуы администрацийы сæргълæууæг Кокойты Зæлинæ.
Зæгъойты Алик бахахх кодта, зæгъгæ, хъæуы цæрджыты коллективон куырдит уый бадæтта РХИ президенты хæстæ æххæстгæнæг Хъамболты Маратмæ.
"Цалдæр боны фæстæ мæм радзырдтой арæзтады министрадæй æмæ æркастысты ацы проекты лыстæгдзинæдтæм", - загъта Зæгъойты Алик.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, проект реализаци æрцæудзæн фидæн аз.