https://sputnik-ossetia.com/20260820/khussar-iry-faivdzysty-uadzan-punktty-kuysty-grafik-guyrdzystonima-aranyl-40632806.html
Хуссар Иры фӕивдзысты уадзӕн пунктты куысты график Гуырдзыстонимӕ арӕныл
Хуссар Иры фӕивдзысты уадзӕн пунктты куысты график Гуырдзыстонимӕ арӕныл
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 20 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны рауӕрӕх кӕндзысты уадзӕн пункттӕ "Раздӕхӕн" ӕмӕ "Переу"-ы куысты график Гуырдзыстонимӕ арӕныл, фехъусын кодта... 20.08.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-08-20T14:45+0300
2026-08-20T14:45+0300
2026-08-20T14:45+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/08/18/18438366_0:120:1280:840_1920x0_80_0_0_0620b4fdc1724d1dd1ebb1e1f439bb0a.jpg
ЦХИНВАЛ, 20 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны рауӕрӕх кӕндзысты уадзӕн пункттӕ "Раздӕхӕн" ӕмӕ "Переу"-ы куысты график Гуырдзыстонимӕ арӕныл, фехъусын кодта республикӕйы президенты хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Хъамболты Марат Ӕдасдзинады советы рабадты рӕстӕджы.Республикӕйы паддзахадон ӕдасдзинады комитет ӕмӕ мидхъуыддӕгты министрад цы хъӕппӕристӕ бацӕттӕ кодтой, уыдонмӕ ӕркастысты ӕмӕ сӕ хорзыл банымадтой Ӕдасдзинады советы рабадтыл.Ног регламентмӕ гӕсгӕ, уадзӕн пункт "Раздӕхӕн" кусдзӕн цыппар бон къуырийы – цыппӕрӕм, майрӕмбон, сабат ӕмӕ хуыцаубон – 08.00-ӕй 18.00 сахатмӕ. Уадзӕн пункт "Переу" та кусдзӕн ӕртӕ боны – дыццӕджы, цыппӕрӕмы ӕмӕ сабаты.Уымӕй дарддӕр Ленингоры ӕмӕ Дзауы районты арӕнгӕрон хъӕуты цӕрджыты хиуӕттӕн сфидар кодтой ӕрбацӕуын ӕмӕ рӕстӕгмӕ уӕвынады ӕнцондӕр процедурӕ.Паддзахадон арӕны уылты хизыны ног фӕтк бахиздзӕн йӕ тыхы Хуссар Ирыстоны хицауады ӕмбӕлон уынаффӕ йӕ тыхы куы бахиза, уӕд.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/08/18/18438366_0:0:1280:960_1920x0_80_0_0_63a72a167080c330628017a0bc077abe.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Хуссар Иры фӕивдзысты уадзӕн пунктты куысты график Гуырдзыстонимӕ арӕныл
ЦХИНВАЛ, 20 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны рауӕрӕх кӕндзысты уадзӕн пункттӕ "Раздӕхӕн" ӕмӕ "Переу"-ы куысты график Гуырдзыстонимӕ арӕныл, фехъусын кодта республикӕйы президенты хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Хъамболты Марат Ӕдасдзинады советы рабадты рӕстӕджы.
Республикӕйы паддзахадон ӕдасдзинады комитет ӕмӕ мидхъуыддӕгты министрад цы хъӕппӕристӕ бацӕттӕ кодтой, уыдонмӕ ӕркастысты ӕмӕ сӕ хорзыл банымадтой Ӕдасдзинады советы рабадтыл.
Ног регламентмӕ гӕсгӕ, уадзӕн пункт "Раздӕхӕн" кусдзӕн цыппар бон къуырийы – цыппӕрӕм, майрӕмбон, сабат ӕмӕ хуыцаубон – 08.00-ӕй 18.00 сахатмӕ. Уадзӕн пункт "Переу" та кусдзӕн ӕртӕ боны – дыццӕджы, цыппӕрӕмы ӕмӕ сабаты.
Уымӕй дарддӕр Ленингоры ӕмӕ Дзауы районты арӕнгӕрон хъӕуты цӕрджыты хиуӕттӕн сфидар кодтой ӕрбацӕуын ӕмӕ рӕстӕгмӕ уӕвынады ӕнцондӕр процедурӕ.
Паддзахадон арӕны уылты хизыны ног фӕтк бахиздзӕн йӕ тыхы Хуссар Ирыстоны хицауады ӕмбӕлон уынаффӕ йӕ тыхы куы бахиза, уӕд.