Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 726 украинӕйаг дроны

© Sputnik / Кирилл Каллиников
/ Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 авг - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 726 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 726 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты Астраханы, Белгороды, Брянскы, Тамбовы, Ростовы, Рязаны, Тулайы æмæ Саратовы областты, афтӕ ма Мӕскуыйы регионы, Краснодары крайы, Татарстаны, Хъырымы Республикӕйы ӕмӕ Сау денджызы акваторийы" - дзырдӕуы хъусинаджы.
