https://sputnik-ossetia.com/20260828/pak-komanda-irbis-rambyldta-rkhi-prezidenty-kubok-futbolay-40800894.html
ПӔК командӕ "Ирбис" рамбылдта РХИ президенты Кубок футболӕй
ПӔК командӕ "Ирбис" рамбылдта РХИ президенты Кубок футболӕй
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 27 авг – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) командӕ "Ирбис" рамбылдта Хуссар Ирыстоны президенты Кубок футболӕй. 28.08.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-08-28T09:40+0300
2026-08-28T09:40+0300
2026-08-28T09:40+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
спорт
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/08/1b/40797233_0:94:1280:814_1920x0_80_0_0_4a610407efad74c29fc1b1562774a7c8.jpg
ЦХИНВАЛ, 27 авг – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) командӕ "Ирбис" рамбылдта Хуссар Ирыстоны президенты Кубок футболӕй.Финалон хъазт ацыд Цхинвалы Цхуырбаты Гурамы номыл стадионы. Командӕ "Ирбис" финалы карз тохы рамбылдта "Дыргвис"-ы командӕйы 2:1 хыгъдӕй. "Дыргвис"ы футболисттӕ дыккаг аз фӕд-фӕдыл рамбылдтой ӕвзист майдантӕ.Финалы размӕ та ацыд хъазт ӕртыккаг бынатыл. Бронзӕ майдантыл тохы Паддзахадон хъахъхъӕнынады службӕ рамбылдта Уӕлвӕткон уавӕрты министрады командӕйы.Хъӕзтыты фӕстӕ ацыд хорзӕхкӕныны церемони. Фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты комитеты разамонӕг Гасситы Сослан ӕмӕ ПӔК сӕргълӕууӕг Юрий Кадий раарфӕ кодтой командӕтӕн ӕнтыстджын хъазты фӕдыл.Уӕлахиздзау командӕ Кубокӕй дарддӕр райста преми 100 мин сомы бӕрц, дыккаг ӕмӕ ӕртыккаг бынӕттӕн та рахицӕн кодтой 50 ӕмӕ 30 мин сомы.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/08/1b/40797233_36:0:1245:907_1920x0_80_0_0_04a53d281ec692a711a36e3cba5b1893.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, спорт
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, спорт
ПӔК командӕ "Ирбис" рамбылдта РХИ президенты Кубок футболӕй
ЦХИНВАЛ, 27 авг – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) командӕ "Ирбис" рамбылдта Хуссар Ирыстоны президенты Кубок футболӕй.
Финалон хъазт ацыд Цхинвалы Цхуырбаты Гурамы номыл стадионы. Командӕ "Ирбис" финалы карз тохы рамбылдта "Дыргвис"-ы командӕйы 2:1 хыгъдӕй. "Дыргвис"ы футболисттӕ дыккаг аз фӕд-фӕдыл рамбылдтой ӕвзист майдантӕ.
Финалы размӕ та ацыд хъазт ӕртыккаг бынатыл. Бронзӕ майдантыл тохы Паддзахадон хъахъхъӕнынады службӕ рамбылдта Уӕлвӕткон уавӕрты министрады командӕйы.
Хъӕзтыты фӕстӕ ацыд хорзӕхкӕныны церемони. Фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты комитеты разамонӕг Гасситы Сослан ӕмӕ ПӔК сӕргълӕууӕг Юрий Кадий раарфӕ кодтой командӕтӕн ӕнтыстджын хъазты фӕдыл.
Уӕлахиздзау командӕ Кубокӕй дарддӕр райста преми 100 мин сомы бӕрц, дыккаг ӕмӕ ӕртыккаг бынӕттӕн та рахицӕн кодтой 50 ӕмӕ 30 мин сомы.