https://sputnik-ossetia.com/20260831/khornisy-arazynts-memorial-sao-yy-famarduavag-khastontan-40842888.html
Хъорнисы аразынц мемориал СӔО-йы фӕмардуӕвӕг хӕстонтӕн
Хъорнисы аразынц мемориал СӔО-йы фӕмардуӕвӕг хӕстонтӕн
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 31 авг — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Хъорнисы хъӕуы райдыдтой аразын мемориал сӕ хъӕуӕй сӕрмагонд ӕфсӕддон операцимӕ чи ацыд... 31.08.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-08-31T14:44+0300
2026-08-31T14:44+0300
2026-08-31T14:44+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
знауыры район
уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/08/1f/40841706_0:120:1280:840_1920x0_80_0_0_fca6a3f7ab9e3480254a68ebea6be0fb.jpg
ЦХИНВАЛ, 31 авг — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Хъорнисы хъӕуы райдыдтой аразын мемориал сӕ хъӕуӕй сӕрмагонд ӕфсӕддон операцимӕ чи ацыд ӕмӕ нал ӕрыздӕхт, уыцы хӕстонты номарынӕн. Цыртдзӕвӕны бындур сарӕзтой цӕрӕн пункты центры.Мемориал саразыны хъӕппӕрис фӕзынд Хъорнисы фӕсивӕдмӕ.Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, цыртдзӕвӕны хуызы фӕдыл кӕронбӕттӕн скъуыддзаг райсдзысты, инициатортӕ ӕфсӕддонты бинонтитмӕ куы аныхас кӕной, уый фӕстӕ.СӔО-йы рӕстӕджы фӕмард сты Хъорнисӕй рацӕугӕтӕ: Пӕррӕстаты Алан, Плиты Алан, Тедеты Алан, Джиоты Ацӕмӕз, Козаты Владимир, Козаты Дмитрий, Дзуццаты Къӕдзӕх, Джиоты Марат ӕмӕ Козаты Руслан.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/08/1f/40841706_0:0:1280:960_1920x0_80_0_0_4d92080aaff05efb79b2e271d67b66a0.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, знауыры район, уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, знауыры район, уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
ЦХИНВАЛ, 31 авг — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Хъорнисы хъӕуы райдыдтой аразын мемориал сӕ хъӕуӕй сӕрмагонд ӕфсӕддон операцимӕ чи ацыд ӕмӕ нал ӕрыздӕхт, уыцы хӕстонты номарынӕн. Цыртдзӕвӕны бындур сарӕзтой цӕрӕн пункты центры.
Мемориал саразыны хъӕппӕрис фӕзынд Хъорнисы фӕсивӕдмӕ.
"Нӕ хъӕуӕй фараст адӕймаджы фӕмард сты сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы зонӕйы. Уый тынг стыр процент у нӕ гыццыл хъӕуӕн. Нӕ хъӕуы адӕмы патриотизм гӕнӕн ис фенын Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хайадисджыты нымӕцӕй дӕр – нӕ хъӕуӕй уӕд хӕстмӕ ацыдысты 200-йӕ фылдӕр. Абон та сын сӕ кад дарддӕр кӕны ныры фӕлтӕр. Нӕ хӕс у афтӕ саразын, цӕмӕй сӕ ном сӕфт ма уа", - радзырдта мемориал саразыны инициатортӕй иу.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, цыртдзӕвӕны хуызы фӕдыл кӕронбӕттӕн скъуыддзаг райсдзысты, инициатортӕ ӕфсӕддонты бинонтитмӕ куы аныхас кӕной, уый фӕстӕ.
СӔО-йы рӕстӕджы фӕмард сты Хъорнисӕй рацӕугӕтӕ: Пӕррӕстаты Алан, Плиты Алан, Тедеты Алан, Джиоты Ацӕмӕз, Козаты Владимир, Козаты Дмитрий, Дзуццаты Къӕдзӕх, Джиоты Марат ӕмӕ Козаты Руслан.