https://sputnik-ossetia.com/20260902/leningory-rayony-akhuyrgndzhyt-dzyrdtoy-nog-akhuyradon-azm-khslvrdtyl-40868073.html
Ленингоры районы ахуыргæнджытæ æдзырдтой ног ахуырадон азмæ хæслæвæрдтыл
Ленингоры районы ахуыргæнджытæ æдзырдтой ног ахуырадон азмæ хæслæвæрдтыл
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 2 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы ацыд æрвылазон педагогон конференци. Скъолаты директортæ æмæ ахуыргæнджытæ хатдзæгтæ... 02.09.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-09-02T11:01+0300
2026-09-02T11:01+0300
2026-09-02T10:52+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
ленингоры район
ахуырад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/09/02/40866372_0:65:900:571_1920x0_80_0_0_8d0f1db4de65c9bb05c543b50ec5b0d2.jpg
ЦХИНВАЛ, 2 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы ацыд æрвылазон педагогон конференци. Скъолаты директортæ æмæ ахуыргæнджытæ хатдзæгтæ скодтой ивгъуыд ахуырадон азæн æмæ æрдзырдтой ног ахуырадон азмæ нывæстытыл. Уый тыххæй фехъусын кодта Ленингоры районы пресс-службæйы разамонæг Кокойты Анжела.Сæйраг докладимæ ралæууыд районы администрацийы ахуырады хайады хистæр Сланты Мæдинæ. Уый радзырдта скъолаты куысты тыххæй, снысан кодта сæйраг здæхтытæ ног ахуырадон азмæ æмæ банысан кодта, ивгъуыд азы хатдзæгтæ кæй уыдысты рæстæмбис. Сланты Мæдинæ бузныг загъта ахуыргæнджытæн сæ куыст æмæ хайбавæрды тыххæй районы ахуырады райрæзтмæ.Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæг Уалыты Муртаз банысан кодта ахуыргæнджыты ахсджиаг бынат сывæллæтты хъомылад æмæ ахуырады.Конференцийы рæстæджы ахуыргæнджыты схорзæхджын кодтой сæ бирæазон куысты тыххæй.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/09/02/40866372_0:0:900:674_1920x0_80_0_0_10ef0aa1da2cd99aeadfc705704cd03b.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, ленингоры район, ахуырад
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, ленингоры район, ахуырад
Ленингоры районы ахуыргæнджытæ æдзырдтой ног ахуырадон азмæ хæслæвæрдтыл
ЦХИНВАЛ, 2 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы ацыд æрвылазон педагогон конференци. Скъолаты директортæ æмæ ахуыргæнджытæ хатдзæгтæ скодтой ивгъуыд ахуырадон азæн æмæ æрдзырдтой ног ахуырадон азмæ нывæстытыл. Уый тыххæй фехъусын кодта Ленингоры районы пресс-службæйы разамонæг Кокойты Анжела.
Сæйраг докладимæ ралæууыд районы администрацийы ахуырады хайады хистæр Сланты Мæдинæ. Уый радзырдта скъолаты куысты тыххæй, снысан кодта сæйраг здæхтытæ ног ахуырадон азмæ æмæ банысан кодта, ивгъуыд азы хатдзæгтæ кæй уыдысты рæстæмбис. Сланты Мæдинæ бузныг загъта ахуыргæнджытæн сæ куыст æмæ хайбавæрды тыххæй районы ахуырады райрæзтмæ.
Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæг Уалыты Муртаз банысан кодта ахуыргæнджыты ахсджиаг бынат сывæллæтты хъомылад æмæ ахуырады.
Конференцийы рæстæджы ахуыргæнджыты схорзæхджын кодтой сæ бирæазон куысты тыххæй.