https://sputnik-ossetia.com/20260916/khussar-iry-2027-azy-rauadzdzysty-tuganty-makharbegn-nyvond-banknot-41141647.html
Хуссар Иры 2027 азы рауадздзысты Тугъанты Махарбегæн нывонд банкнотæ
Хуссар Иры 2027 азы рауадздзысты Тугъанты Махарбегæн нывонд банкнотæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 16 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны фидæн аз рауадздзысты номдзыд ирон нывгæнæг Тугъанты Махарбегæн нывонд банкнотæ. Уый тыххæй фехъусын... 16.09.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-09-16T13:24+0300
2026-09-16T13:24+0300
2026-09-16T13:24+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/04/0a/22485633_0:161:3071:1888_1920x0_80_0_0_ceeb3b3aaf75d1a5514836852ba55266.jpg
ЦХИНВАЛ, 16 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны фидæн аз рауадздзысты номдзыд ирон нывгæнæг Тугъанты Махарбегæн нывонд банкнотæ. Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы Националон банчы сæргълæууæг Бекъойты Сослан Тугъанты Махарбеджы ныв "Нæртон минас"-ы хуызистимæ банкнотæйы презентацийы рæстæджы.Мадзал ацыд номдзыд нывгæнæджы 145 азы юбилейы цытæн зонадон конференцийы фæлгæтты.Бекъойты Сосланы ныхæстæм гæсгæ, ног банкнотæйыл куыст ныридæгæн райдыдта – æрбавдыстæуыд фыццаг эскизтæ, йæ дизайныл та кусы сæрмагонд къамис.Банчы сæргълæууæг бахахх кодта, зæгъгæ, ацы купюрæ адарддæр кæндзæн сери, кæцы нывонд у Ирыстоны номдзыд гоймæгтæн.100 зæрины номиналимæ фыццаг банкнотæ рауагътой ирон поэт, литературон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы цытæн. Æввахс рæстæджы æхсæнадæн æрбавдисдзысты дыккаг банкнотæ 200 зæрины номиналимæ, уый нывонд у зындгонд ирон ахуыргонд Абайты Васойæн.Банк хицæнæй уадзы номарæн монетæтæ дæр. Æдæппæт сты 55, уыдонæй æртæ нывонд сты Тугъанты Махарбегæн.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/04/0a/22485633_170:0:2901:2048_1920x0_80_0_0_cd25ff9e73d34074c2a2a8fa05e0784a.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Хуссар Иры 2027 азы рауадздзысты Тугъанты Махарбегæн нывонд банкнотæ
ЦХИНВАЛ, 16 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны фидæн аз рауадздзысты номдзыд ирон нывгæнæг Тугъанты Махарбегæн нывонд банкнотæ. Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы Националон банчы сæргълæууæг Бекъойты Сослан Тугъанты Махарбеджы ныв "Нæртон минас"-ы хуызистимæ банкнотæйы презентацийы рæстæджы.
Мадзал ацыд номдзыд нывгæнæджы 145 азы юбилейы цытæн зонадон конференцийы фæлгæтты.
Бекъойты Сосланы ныхæстæм гæсгæ, ног банкнотæйыл куыст ныридæгæн райдыдта – æрбавдыстæуыд фыццаг эскизтæ, йæ дизайныл та кусы сæрмагонд къамис.
Банчы сæргълæууæг бахахх кодта, зæгъгæ, ацы купюрæ адарддæр кæндзæн сери, кæцы нывонд у Ирыстоны номдзыд гоймæгтæн.
100 зæрины номиналимæ фыццаг банкнотæ рауагътой ирон поэт, литературон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы цытæн. Æввахс рæстæджы æхсæнадæн æрбавдисдзысты дыккаг банкнотæ 200 зæрины номиналимæ, уый нывонд у зындгонд ирон ахуыргонд Абайты Васойæн.
Банк хицæнæй уадзы номарæн монетæтæ дæр. Æдæппæт сты 55, уыдонæй æртæ нывонд сты Тугъанты Махарбегæн.