https://sputnik-ossetia.com/20260917/bagaty-alan-rambyldta-akhmat-kadyrovy-memorialy-41156831.html
Багаты Алан рамбылдта Ахмат Кадыровы Мемориалы
Багаты Алан рамбылдта Ахмат Кадыровы Мемориалы
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 17 сен – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Ирон уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцӕг Багаты Алан рамбылдта Цӕцӕны фыццаг президент Ахмат Кадыровы номарӕн ӕхсӕнадӕмон... 17.09.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-09-17T11:20+0300
2026-09-17T11:20+0300
2026-09-17T11:20+0300
цӕгат ирыстон
ног хабӕрттӕ
спорт
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/02/1c/32178677_0:20:1280:740_1920x0_80_0_0_765d98de6664d0bee3ec57e70f43dfc2.jpg
ЦХИНВАЛ, 17 сен – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Ирон уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцӕг Багаты Алан рамбылдта Цӕцӕны фыццаг президент Ахмат Кадыровы номарӕн ӕхсӕнадӕмон турниры.Ерыстӕ цыдысты 15-16 сентябры Цӕцӕны столицӕ Грозныйы.Ирон богал 92 кг уӕзы категорийы ӕрдӕгфиналы 5:1 хыгъдӕй рамбылдта 2024 азы Олимпиаг хъӕзтыты призер, Европӕйы цыппар хатты чемпион Даурен Куруглиевы.Финалы та Багаты Алан рамбылдта азербайджанаг спортсмен Шамиль Зубаировы 5:2 хыгъдӕй.Багаты Алан дыууӕ къуыримӕ рамбылдта дыууӕ ӕхсӕнадӕмон турниры – 6 сентябры ирон богал рамбылдта сыгъзӕрин майдан Хӕдӕрцаты ӕфсымӕрты Кубокы, ныр та Ахмат Кадыровы Мемориалы.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/02/1c/32178677_71:0:1061:742_1920x0_80_0_0_9bd3a25bb25c834113aaa3d7ec02cf3a.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
цӕгат ирыстон, ног хабӕрттӕ, спорт
цӕгат ирыстон, ног хабӕрттӕ, спорт
Багаты Алан рамбылдта Ахмат Кадыровы Мемориалы
ЦХИНВАЛ, 17 сен – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Ирон уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцӕг Багаты Алан рамбылдта Цӕцӕны фыццаг президент Ахмат Кадыровы номарӕн ӕхсӕнадӕмон турниры.
Ерыстӕ цыдысты 15-16 сентябры Цӕцӕны столицӕ Грозныйы.
Ирон богал 92 кг уӕзы категорийы ӕрдӕгфиналы 5:1 хыгъдӕй рамбылдта 2024 азы Олимпиаг хъӕзтыты призер, Европӕйы цыппар хатты чемпион Даурен Куруглиевы.
Финалы та Багаты Алан рамбылдта азербайджанаг спортсмен Шамиль Зубаировы 5:2 хыгъдӕй.
Багаты Алан дыууӕ къуыримӕ рамбылдта дыууӕ ӕхсӕнадӕмон турниры – 6 сентябры ирон богал рамбылдта сыгъзӕрин майдан Хӕдӕрцаты ӕфсымӕрты Кубокы, ныр та Ахмат Кадыровы Мемориалы.