Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 384 украинӕйаг дроны

© Sputnik / Кирилл Каллиников
/ Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 сен - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 384 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 384 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты Белгороды, Брянскы, Воронежы, Пензайы, Рязаны, Саратовы, Самарайы ӕмӕ Ростовы областты, афтӕ ма Мӕскуыйы регионы, Пермы крайы, Татарстаны, Хъырымы ӕмӕ Сау денджызы акваторийы" - дзырдӕуы хъусинаджы.
