Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 646 украинӕйаг дроны

© Sputnik / Сергей Мальгавко
/ Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 окт - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 646 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 646 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты Брянскы, Белгороды, Курскы, Волгограды, Тулайы, Орелы, Калугайы, Ростовы, Самарайы ӕмӕ Астраханы областты, афтӕ ма Хъырымы ӕмӕ Сау денджызы акваторийы" - дзырдӕуы хъусинаджы.
