https://sputnik-ossetia.com/20261007/khambolty-marat-fembald-sao-yy-famarduavag-khastonty-madta-ama-idadztima-41515383.html
Хъамболты Марат фембӕлд СӔО-йы фӕмардуӕвӕг хӕстонты мӕдтӕ ӕмӕ идӕдзтимӕ
Хъамболты Марат фембӕлд СӔО-йы фӕмардуӕвӕг хӕстонты мӕдтӕ ӕмӕ идӕдзтимӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 7 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Хъамболты Марат фембӕлд сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы (СӔО) фӕмардуӕвӕг хӕстонты мӕдтӕ ӕмӕ идӕдзтимӕ. 07.10.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2026-10-07T10:16+0300
2026-10-07T10:16+0300
2026-10-07T10:16+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
президент
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/0a/06/41511724_0:0:1281:720_1920x0_80_0_0_6788e95eb4fc054d87f669bdf3e980b9.jpg
ЦХИНВАЛ, 7 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Хъамболты Марат фембӕлд сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы (СӔО) фӕмардуӕвӕг хӕстонты мӕдтӕ ӕмӕ идӕдзтимӕ.Фембӕлды рӕстӕджы ӕрдзырдтой пенситӕ, уӕлбартӕ, медицинон ӕххуыс ӕмӕ цӕрӕнуатон уавӕртӕ фӕхуыздӕр кӕныныл. Президент бахӕс кодта бацӕттӕ кӕнын бинонтӕн Уӕрӕсейы цы уӕлбартӕ ис, ахӕмтӕ.Хъамболты Марат уӕлдай хъусдард аздӕхта сывӕллӕттӕм – уыдонӕн хъуамӕ ӕххуыс кӕной бацӕуын сабидӕттӕм, скъолатӕм ӕмӕ университетмӕ.Фондз мад ӕмӕ идӕдзы бахызтысты Хуссар Ирыстоны адӕмы Фыдыбӕстӕйон хӕсты ӕмӕ СӔО-йы ветеранты Ассоциацимӕ. Хъамболты Марат сын бузныг загъта сӕ архайды тыххӕй.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2026
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/0a/06/41511724_159:0:1119:720_1920x0_80_0_0_4628e5e93d3d23c7ccf4a04ef2e301fd.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, президент
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, президент
Хъамболты Марат фембӕлд СӔО-йы фӕмардуӕвӕг хӕстонты мӕдтӕ ӕмӕ идӕдзтимӕ
ЦХИНВАЛ, 7 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Хъамболты Марат фембӕлд сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы (СӔО) фӕмардуӕвӕг хӕстонты мӕдтӕ ӕмӕ идӕдзтимӕ.
Фембӕлды рӕстӕджы ӕрдзырдтой пенситӕ, уӕлбартӕ, медицинон ӕххуыс ӕмӕ цӕрӕнуатон уавӕртӕ фӕхуыздӕр кӕныныл. Президент бахӕс кодта бацӕттӕ кӕнын бинонтӕн Уӕрӕсейы цы уӕлбартӕ ис, ахӕмтӕ.
"Цӕрӕнуат цы бинонты хъӕуы, уыдонӕн хицӕнӕй агурдзыстӕм скъуыддзӕгтӕ. Афтӕ ма хъӕуы равзарын фронтмӕ документтӕ ӕмбӕлон уагыл чи нӕ сарӕзта ӕмӕ афтӕмӕй чи ацыд, уыцы хӕстонты бинонты бартӕ", - бахахх кодта президент.
Хъамболты Марат уӕлдай хъусдард аздӕхта сывӕллӕттӕм – уыдонӕн хъуамӕ ӕххуыс кӕной бацӕуын сабидӕттӕм, скъолатӕм ӕмӕ университетмӕ.
Фондз мад ӕмӕ идӕдзы бахызтысты Хуссар Ирыстоны адӕмы Фыдыбӕстӕйон хӕсты ӕмӕ СӔО-йы ветеранты Ассоциацимӕ. Хъамболты Марат сын бузныг загъта сӕ архайды тыххӕй.